Михеил Саакашвили – Сидын нæ активисттæм иууылдæр, кæронмæ фидар лæуут, сæумæрайсомæй хъусын кæнæм массон мобилизаци
Сæумæрайсомæй хъусын кæнæм массон мобилизаци. Иванишвилийæн нæ ратдзынæн фадат, гуырдзиаг адæмы барæвзар адавын. Фидар лæуут, кæронмæ, кæронмæ хæцдзыстæм нæ уæлахиздзинады барыл – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президент, Михеил Саакашвили телекомпани «Мтавари Архи»-ы эфиры райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ куыддæр баталынг ис æмæ дзыллæ цъус сулæфыд, афтæмæй хицаугæнæг бал рывнæлдта æвзрстыты фæмæнг кæнынмæ.
Саакашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ æвзарæнон фадгуыты хатдзæгон протоколтæ ногæй рафыстой.
«Фæнды мæ нæ алы активисттæм, æвзарæнон фадыгыл кусæг нæ алы минæвармæ æрсидын, кæронмæ фидар лæуут. Бафæразут сæумæрайсоммæ. Сæумæрайсомæй та хъусын кæнæм массон мобилизаци. Иванишвилийæн нæ ратдзынæн фадат адава гуырдзиаг адæмы барæвзар» – райхуъсын кодта Саакашвили.
Уый ма оппозицион партитæм æрсидтис баиу уынмæ. Саакашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ алы хъæлæс бахъахъхъæнын хъæуы æмæ ныр дæрдды лæуыны рæстæг нал ис.
«Кæнæ ныр мах суыдзыстæм Белорусы, Уæрæсейы Федерацийы хуызæн, кæнæ кæцыдæр АстæуАзиаг диктатурæ, кæнæ та суыдзыстæм сæрибар бæстæ, кæцыйы æмбæстæгтæн цæрын фæнддзæн æмæ цы ран сæрибарæй ивынц хицауад, сæрибарæй æвдисынц сæрмагонд фæнд æмæ ацы фæндæн цыт кæны, фæнды зондцух кæцыдæр хицаугæнæг дæр. Фидар лæуут, кæронмæ, кæронмæ бахъахъъхæндзыстæм нæ адæмы сыгъдæг рæстдзинад, нæ сæрибардзинады æмæ уæлахиздзинады бар. Гуырдзиаг адæммæ ис уæлахиздзинад бар, уый фæуæлахиз ис æмæ ацы хуыснæг æхсæвæн адавыны бар нæ ратдзыстæм» – райхъусын кодта Михеил Саакашвили.