Михеил Саакашвили - Сæрыстыр дæн, Вано мерабишвилийы нæсæттондзинадæй, силын алкæмæ бафидауынмæ
Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвили, Вано Мерабишвилийы ахæстонæй рацыды кой кæны социалон хызагы.
Саакашвили фыссы, цæмæй зæгъгæ райгонд у Вано Мерабишвили кæй ссæрибар ис, бирæ азон æнаххосæй ахст уæвыны фæстæ.
Афтæма Саакашвили фыссы, цæмæй тынг хъал у Мерабишвилийы нæсæттондзинадæй æмæ хъæддыхдзинадæй.
Афтæдæр Гуырдзыстоны раздæры президент алкæмæ æрсидтис бафидауынмæ.
«райгонд дæн Вано мерабишвилийы ссæрибар кæнынæй, бирæ азон æнаххосæй ахст уæвыны фæстæ. Сæрыстыр дæн йæ нæсæттондзинадæй æмæ хъæддыхдзинадæй. Разы дæн, цæмæй Иванишвили æнæмæнгæй фæуыдзæн. Фæуыдзæн æнæ æрмæст нæ схисæрмагонд ахасты тыххæй, фæлæ ма уый тыххæй, цæмæй Вано куыд загъта, нæ бæстæйæн æнæмæнгхъæугæ у размæцыд æмæ райрæзт. Сидын алкæмæ бафидауынмæ» – ныффыста Михаил саакашвили «Фейсбукы» фарсыл.
Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр æмæ мидхъуыддæгты раздæры министр Вано мерабишвили, æфхæрдæххæстгæнæн уагдон абон ныууагъдта. Мерабившилийæн ахсты æмгъуыд абон аивгъуыд.