Михеил Саакашвили Элене Хоштариамæ æрсидтис нæхæргæ протест ныууадзынмæ
Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвили, Элене Хоштариамæ æрсидтис нæхæргæ протест ныууадзынмæ.
«Фæнды мæ зæгъон Элене Хоштариайæн, стыр цыт æмæ арфæйæ, фæтсаг бонты йæ æцæгæйдæр хъайтарон æмæ патриотон ахасты тыххæй æмæ йæ зæрдиагæй ракурон мæ ацы уынаффæмæ гæсгæйæ, æнæаргъæвгæйæ ныууадзæт йæ æнæниздзинадæн тæссаг нæхæргæ протест» – хъусын кæны Михеил Саакашвили кæцыйы фыстæг медийæн базонын кодта Ника Гварамиа.
Михеил Саакашвили Страсбургы тæрхондоны сидтмæ æмбæлгæйæ, нæхæргæ протест ныууадзын ахицæн кодта, фæлæ уынффæ сыххæстæн бæрæг домæнтæ бавдыста.
Бакой уын кæндзыстæм, адæймаджы барты Европаг тæрхондон, Михеил Саакашвилимæ æрсидтис, нæхæргæ протест ныууадзынмæ. Уый фæдыл банысангонд у фыстæджы, кæцыйы Страсбургы тæрхондон Гуырдзыстоны юстицийы министрадæн арвыста.
Фыстæгмæ гæсгæйæ, Страсюургы тæрхондон афтæдæр аскуыддзаг кодта, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад, тæрхондонæн бавдисæт информаци Саакашвилийы нырыккон æнæниздзинады уавæры фæдыл,( афтæма ахæстоны рынчындоны йын цы хоскæнын уыд уый фæдыл), хъуамæ сифтонг кæнæд ахæстоны йæ æдасдзинад æмæ раттæт йын æмбæлгæ медицинон хоскæнын, æхормагдзинады фæстæ реабилитацийы периодмæ.