Михеил Саакашвили рахаста уынаффæ нæхæргæ протест ныууадзыны фæдыл – райхъусын кодта Михеил Саакашвилийы адвокат Ника Гварамиа.
Фæлæ уынаффæ сыххæст кæнынæн, Михеил Саакашвили бæрæг бомæнтæ сæвæрдта.
«Нæхæргæйы фæстæ реабилитацийы процесс, æхормагдзинадæй бирæ вазыгджындæр, уый тыххæй дæр, Глдаын рынчындоны, уымæн нæдæр техникон уавæртæ æмæ нæдæр æмбæлгæ квалификацийы медперсонал ис. Уымæй дарддæр ма, нæй гæнæн баууæндон ацы уагдоны кусджытыл, кæцытæ мæ дарынц хъизæмары уавæрты æмæ се рдгæй тыхмидзщинады кадртæ дæр федтат абон. Уымæй уæлдай ма, ам нæй æдасдзинады æмæ психологион хъомысдарынæй биргъæвæг исты гаранти, кæцы Страсбургы тæрхондоны æркуырд у. Афтæма стыр тасыл нымайын Гуры Госпитал, уымæн æмæ уырыссаг оккупацион æфсады æмæ спецназы хайадтæй цалдæр километры лæууы, уыцы Уæрæсейы кæцы мæ ликвидацийы сæйраг заказдæттæг у. Курын дохтырты консилиум рахæссæд уынаффæкæцы мультифункцион æмæ бæрзондтехнологион клиникæты æмæ хоскæныны цы уавæртæй уыдзынæн ифтонггонд постæхормагдзинады реабилитацийы процессы рæстæджы. Консилиум хъуамæ уа æрмæстдæр профессионалтæй паритеты бындурыл, нæ минæвæртты æмæ паддзахады нысангонд минæвæртты æмбæрц нымæцы дохтырты скондæй.
Йæ уынафæ хъуамæ уа, рекомендацион равгæй нæ фæлæ æнæмæнгхъæугæ, кæцы рæстæджы дæр æз кæронмæ бакоммæкæсдзынæн, хъуамæ бакоммæкæсæд хицауад дæр. Ацы уавæры, куыддæр фæнысангонд уынафæ уыдзæн хаст æмæ мæ аласдзысты ацы уагдонæй æмбæлгæ клиникæмæ, афтæмæй æнæаргъæвгæйæ ныууадздзынæн нæхæргæ протест» – банысангонд у Михеил Саакашвилийы фыстæджы.