Михеил Саакашвили  ахицæн кодта  нæхæргæ протест фæуромын
Михеил Саакашвили ахицæн кодта нæхæргæ протест фæуромын

Михеил Саакашвили  рахаста уынаффæ  нæхæргæ  протест ныууадзыны фæдыл –  райхъусын кодта  Михеил Саакашвилийы  адвокат  Ника Гварамиа.

Фæлæ  уынаффæ сыххæст кæнынæн, Михеил Саакашвили  бæрæг бомæнтæ сæвæрдта.

«Нæхæргæйы фæстæ реабилитацийы  процесс, æхормагдзинадæй  бирæ  вазыгджындæр, уый тыххæй дæр, Глдаын рынчындоны, уымæн нæдæр техникон  уавæртæ  æмæ нæдæр  æмбæлгæ  квалификацийы  медперсонал ис.  Уымæй  дарддæр ма,   нæй  гæнæн  баууæндон ацы  уагдоны кусджытыл, кæцытæ  мæ дарынц хъизæмары  уавæрты  æмæ  се рдгæй тыхмидзщинады  кадртæ дæр федтат абон.  Уымæй  уæлдай ма,  ам нæй  æдасдзинады æмæ психологион  хъомысдарынæй  биргъæвæг  исты гаранти, кæцы Страсбургы  тæрхондоны æркуырд у. Афтæма  стыр тасыл нымайын  Гуры Госпитал, уымæн  æмæ   уырыссаг оккупацион  æфсады  æмæ  спецназы хайадтæй  цалдæр километры лæууы, уыцы  Уæрæсейы кæцы  мæ  ликвидацийы  сæйраг заказдæттæг у.   Курын дохтырты  консилиум рахæссæд  уынаффæкæцы мультифункцион  æмæ бæрзондтехнологион  клиникæты æмæ хоскæныны цы уавæртæй уыдзынæн  ифтонггонд   постæхормагдзинады реабилитацийы процессы рæстæджы. Консилиум  хъуамæ  уа æрмæстдæр профессионалтæй  паритеты бындурыл, нæ минæвæртты  æмæ  паддзахады  нысангонд  минæвæртты æмбæрц нымæцы  дохтырты скондæй.

Йæ уынафæ хъуамæ уа, рекомендацион равгæй нæ фæлæ  æнæмæнгхъæугæ, кæцы рæстæджы дæр æз кæронмæ бакоммæкæсдзынæн, хъуамæ бакоммæкæсæд  хицауад дæр.  Ацы уавæры, куыддæр фæнысангонд   уынафæ уыдзæн хаст  æмæ мæ аласдзысты  ацы уагдонæй  æмбæлгæ клиникæмæ,  афтæмæй æнæаргъæвгæйæ  ныууадздзынæн  нæхæргæ протест» –   банысангонд у Михеил Саакашвилийы  фыстæджы.