Михеил Саакашвили - Æппын мæ ницы хъæуы мæхицæн, фæнды мæ фæсивæдæн зæгъын, фæнды уæ сæрибар бæстæйы цæрын, æви уæ нал фæнды, цæмæй Гуырдзыстон уæ фыдыбæстæ уа
Фæнды мæ зæгъын Гуырдзыстоны фæсивæдæн, æппын мæ ницы хъæуы мæхицæн, ныууадзæм сæхи фæнд хистæр фæлтæр. Ныр сымах фæнды сæрибар бæстæйы цæрын æви нал фæнды, цæмæй Гуырдзыстон уа уæ фыдыбæстæ æмæ цæрæн ран? – ахæм ныхæстæй, Гуырдзыстоны раздæры президентМихеил Саакашвили рацыд видео-басидты, кæцыйы мидæг ныхас кодта æвзæрстыты развлæгъау фæстиуджыты фæдыл.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фæсивæд хъуамæ раттæт дзуапп хицауадæн.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ныр, Иванишвилийæн къухаразæг у уыцы хъуыды цæвиттон гуырдзиаг адæм ауæй сты, систой 50 ларийы купюрæтæ æмæ куыд раздæр ауæй кодтой сæрмагонд фидæн, фæлæ афтæ нæу. Гуырдзиаг адæм знон Иванишивлийæн загътой «Нæй». Æхсæвы та Иванишвили, уæлахиздзинад адавдта æмæ ногæй рафыссын коддта протоколтæ. Фæнды мæ зæгъын Гуырдзыстоны фæсивæдæн, æппын мæ ницы хъæуы мæхицæн, ныууадзæм сæхи фæнд хситæр фæлтæр. Ныр сымах фæнды сæрибар бæстæйы цæрын æви нал фæнды, цæмæй Гуырдзыстон уа уæ фыдыбæстæ æмæ цæрæн ран? Дзуапп сын ерын куы нæ раттам, кæд Иванишвилийæн ерын не сдзуапп кæндзыстæм æмбæлгæ карзæй, дзыллæы реакцийæ, Гуырдзыстон, куыд бæстæ, уæ фыдыбæстæ æмæ цы ран демократийы цыдæр æвдисæг укæддæр ис, фесæфдзæн æмæ кронмæ суыдзыстæм Уæрæсейы цыдæр æлгъаг, фæстаг классы политикон къабаз. Гавриловы æхсæв сымах тох кодтат æмæ равдыстат дунейæн Гуырдзыстоны намыс, бирæ хæттыты равдыстат дунейæн Гуырдзыстоны намыс. Ныр та æрлæууыд уыцы момент, политикты тыххæй нæ фæлæ нæ фыдыбæстæйы тыххæй, Гуырдзыстоны тыххæй, фæбæрзонддæр кæнæм нæ хъæлæс. Ацы къæрныхдзинад, æдзæсгомдзинад, кæцы Иванишвили ракодта, æнæдзуаппæй ма хъуамæ баззайæт. Дзуапп хъуамæ уа цырд æмæ фидар. Дырысæй зонын цæй кой кæнын æмæ зонын цæмæй сымахдæр æмбарут. Гуырдзыстон ныр лæууы тасы раз. Курын уæ фæбæрзонддæр кæнæм хъæлæс» – райхъусын кодта Михеил Саакашвили.