Михеил Саакашвили абоны тæрхоны процессыл продукты фæзынаргъы  æмæ «æмбæстагон иргъæфы»  тæвд хаххы скусын кæныныл фæныхас кодта
Михеил Саакашвили абоны тæрхоны процессыл продукты фæзынаргъы æмæ «æмбæстагон иргъæфы» тæвд хаххы скусын кæныныл фæныхас кодта

Тбилисы  горæты тæрхондоны паддзахадон бюджетæй  фараст милуаны ныппаплойы  фæдыл  хъуыддагыл  Гуырдзыстоны раздæры президент  Михеил Саакашвилийы  тæрхоны процесс  цæуы.

Процессыл   Михеил Саакашвили баиу ис дистанционæй.

«Фæнды мæ базонæм, цы иумæйаг ис  президент  Ющенкойы, президент  Качинскийы, Вацлав Хавелы  æмæ дыууæ  уырыссаг оппозицонер  журналисты æхсæн, кæцыты æз æркодтон    æмæ сæ прокуррортæ та рæучи  устытæй  схуыдтой.  Уыдон  алчи  тынг мæсты кæнынц  Владимир Путины», – райхъусын кодта   Саакашвили  дистанцион баиуы рæстæджы.

Саакашвили  афтæдæр банысан кодта  цæмæй Гцуырдзыстоны  продуктттæ  тынг фæзынаргъ сты.

«20-25 лари  у  фыды аргъ,  хъæдур  фæзынаргъ ис  аст ларийы онг,  нæ хардзты кой куы кæнæм æмæ  президенты  хардзты уæд.  Кърупатæ фæзынаргх сты 2-йæ  фондз ларийы онг, гречкæйы  аргъ – аст ларийы онг, æппæт дунейы та  ацы рæстæджы фæаслам ис», – райхъусын кодта  Михеил Саакашвили.

Михеил Саакашвилийы дзырдæй,  абон бæстæ  мобилизацигонд хъуамæ уа, цæмæй  уый  тасы раз лæууы.  Саакашвили куыд банысан кодта афтæмæй,   йæ  информацийæ,   Гуырдзыстонмæ æрцыд диверсион  къорд, кæцыйы тыххæй, «Æмбæстагон  иргъæфы» тæвд хаххы скусын кæнын æй фæнды.

«Абон мах  хъуамæ  тынг мобилизацигонд уæм.  Абон нæ бæстæ  лæууы   стыр  тасы раз.  Уый тыххæй, цæмæй мах  дзæбæх формæйы уæм,  тынг  архæсгæйæ хъуамæ  уæм æрцæугæ  уырыссæгтимæ.  Фæнды мæ скусын кæнæм    æмбæстагон иргъæфы  тæвд хахх, кæцымæ  адæмæн  адзурын æмæ   фехъусын кæнын уыдзæн сæ  бон  уый  фæдыл,  ома искæмæ антигуырдзиаг ахаст  фæфиппайдтой. Мæ информацийæ,  æрцыд  диверсион къорд, кæцыйæн бахæс кодтой   змæстыты периоды  ам хицаудзинад бацахсын  æмæ бæстæйы дестабилизаци скæнын. Уый тыххæй  хъуамæ нæ цæст дарæм   алы  гуырысхойаг  змæлдмæ, алы  гуырысхойаг  спортивон  æддабакаст кæмæ ис  аæм къордтæм, кацытæ  сты ацы  адæмы æхсæн.  Сæдæ минæй фылдæр сты  ацы адæм.  Мæ  информацийæ, диверсион  къорд  æрцыд тынг æвзæр  фæндтимæ.   Уыдон сты гарзджын, сты Уырыссаг  æфсады  фыццаг уагдоны дæлбар. Ацы уавæры æнæмæнгхъæугæ  у уа нын  координацидзинады ныгуылæйнаг  ахасты партнертимæ, æмбæстагон дзылæимæ, нæ  адæмимæ  æмæ  мах æнæмæнгæй   арирвæрдзыстæм», – райхъусын кодта Михеил Саакашвили.

Паддзхадон бюджетæй   суммæты ныппаплойы хъуыддагыл, Михеил Саакашвилиимæ иумæ, ноджы зылынмæ лавæрд у  паддзахадон хъахъхъæды   специалон куысты  раздæры хистæр  Темур Джанашиа.