Михеил Саакашвили – 2 октябры изæрмæ систон билет, цæмæй уон Тбилисы æмæ уæ фæнд бахъахъъхæнон, сымхимæ иумæ райсон хайад Гуырдзыстоны фервæзты
Балхæдтон билет 2 октябры изæрмæ, цæмæй сымахитмæ иумæ уон Тбилисы æмæ бахъахъхъæнон уæ фæнд, уæ фæнды равдыст æмæ сымахимæ иумæ райсон хайад Гуырдзыстоны ирвæзынкæныны, – уый фæдыл Гуырдзыстоны экспрезидент Михеил Саакашвили райхъусын кодта йæ видео-сидты.
Саакашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ æвзарæнон фадгуытæ куы сыхгæнд уыдзысты, уæд алчи хъуамæ бахъахъъæна цы уæлахиздзинадмæ æрцыдыстæм уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ 2 октябры аскуыддзаг уыдзæн фервæздзæн Гуырдзыстон æви нæ.
«Гуырдзыстоны амонд скуыддзаг кæны, æмæ, цæй зæгъын æй хъæуы, балхæдтон билет, куыд загътон 2 октябры изæрмæ, цæмæй сымахимæ иумæ уон Тбилисы æмæ сымахимæ иумæ бахъахъхъæнон уæ фæнд, уæ фæнды равдыст æмæ сымахимæ иумæ райсон хайад Гуырдзыстоны ирвæзынкæныны. Уый æз нæдæр мæхицæн аразын, ницы хисæрмагонд амбици æмæ бæрзонд бынæттæ мæ хъæуы. Æцæгæй дæр, нæ хъавын уый тыххæй тох кæнын, фæлæ тох кæндзынæн уый тыххæй, цæмæй мæ хъæбултæн уа фидæн. Тох кæндзынæн уый тыххæй æмæ Гуырдзыстон баззайæт æнææрмæст дунейы картæйыл, фæлæ ма æрыздæха цырд рæзынадмæ, æмæ ацы мæгуырдзинад, катастрофæ иу хатт æнусмæ кæрон скæнæм. Ныфс мæ ис, цæмæй алчи нæ кæрæдзийæн баххуыс уыдзыстæм, алчи иумæ слæудзыстæм нæ кæрæдзийы фарсмæ æмæ ферох кæндзыстæм хъауджыдæрдзинæдтæ. Кæронмæ хъуамæ тох кæнæм, цалынмæ нæ фæуæлахиз уыдзыстæм уæдмæ. Тбилисы фембæлдзыстæм», – райхуъсын кодта Саакашвили.