Михеил Хъавелашвили – кад кæнæм алы тохгæнæгæн, кæцы фæмард Гуырдзыстоны хæдбардзинадæн абоны рыст алыхатт дæр хъуамæ зæрдыл лæууын кæна, цас зынаргъ у хæдбардзинад
Михеил Хъавелашвили – кад кæнæм алы тохгæнæгæн, кæцы фæмард Гуырдзыстоны хæдбардзинадæн абоны рыст алыхатт дæр хъуамæ зæрдыл лæууын кæна, цас зынаргъ у хæдбардзинад

1921 азы 25 февралы уæззау фæд ныууагъта гуырдзиаг адæмы æмæ Гуырдзыстоны историйы. Знаджы стыр уæлдæрдзинадмæ æнæкæсгæйæ, гуырдзиаг тохгæнджытæ сæ бонæй архайдтой сæ райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент МихаилХъавелашвили социалон хызагы ныффыста.

Хъавелашвили куыд фыссы, афтæмæй «растдæр ацы адæмы хъайтарон нывонддзинад фервæзын кодта хæдбар æмæ сæрибар Гуырдзыстоны идея, кæцы бирæ азты оккупацийы ныхмæ лæууыд æмæ фæстагмæ йæхи равдыста Гуырдзыстоны хæдбардзинады сног кæныны».

«Мах кад кæнæм алы æмæ алы тохгæнæгæн, кæцы фæмард Гуырдзыстоны хæдбардзинады сæрыл тохы, кæцыты нывондæн æцæгæйдæр аргъ нæй. Абоны рыст нын кæддæриддæр хъуамæ зæрдыл лæууын кæна, куыд зынаргъ у нæ бæстæйы хæдбардзинад æмæ цас къæрцхъусдзинад æмæ бæрндзинад хæсджын у нæ алкæмæн дæр. Кад æмæ æнусон мысынад уыцы хъайтартæн, кæцытæ фæмард сты райгуырæн бæстæйы сæраппонд! ”- фыссы Михеил Хъавелашвили.