Михеил Хъавелашвили Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг  Мадмайрæмы хайон  бæстæ кæй  у æмæ Сыгъдæг Андриа  апостолы  номарæн боны фæдыл бæрæгбонон скуывдыл уыд
Михеил Хъавелашвили Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг Мадмайрæмы хайон бæстæ кæй у æмæ Сыгъдæг Андриа апостолы номарæн боны фæдыл бæрæгбонон скуывдыл уыд

12  майы Рæстдинон  аргъуан  бæрæгбон кæны  Сыгъдæг Андриа  апостолы  номарæн бон æмæ Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг  Мадмайрæмы хайон  бæстæ кæй  у,  уыцы бон ма  афтæдæр  хонынц  Ныфсы бонæй. Бæрæгбонмæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстоны  президентæй нысангонд  Михеил Хъавелашвили, премьер-министрæй хуынд  Иракли Къобахидзе æмæ Тбилисы мэр, Къаха Каладзе, Махатайы  хохыл,  Иверийы Æппæтысыгъдæг  Мад Майрæмы  номыл аргъуаны бæрæгбонон скуывдыл уыдысты.

Хъавелашвили æрымбырдуæвæг дзыллæйæн Сыгъдæг Андриа  апостолы  номарæн бон æмæ Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг  Мадмайрæмы хайон  бæстæ кæй  у,  уыцы боны фæдыл раарфæ кодта.

Бæрæгбонон  скуывд  сыххæст кодта  Патриархы  æмбынативæг  Шио  аргъуанархайджытимæ иумæ, кæцыйы фæстæ  динамынд дæр бакастис.

Сыгъдæг Андриа  апостолы  номарæн бон æмæ Гуырдзыстон Æппæтысыгъдæг  Мадмайрæмы хайон  бæстæ кæй  у,  уыцы боны фæдыл скуывдыл  афтæдæр уыдысты  æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг  оргæнты  минæвæрттæ.

Информацийы  хъусын кæны   президенты администраци.