Михеил Джанелидзе фембæлд Босниа-Герцоговинæйы фæсарæн хъуыддæгты министримæ
Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе Кувейты Босниа-Герцоговинæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Цранадкимæ фембæлд. Ацы фембæлд «Исламы Паддзахады» ныхмæ глобалон коалицийы министериалы фæлгæтты сырæзт.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл бæстæты æхсæн дыууæфарсон æмкуысткæнынады рапарахаты контексты бæрзонд æмвæзады фембæлдты нысаниуæг баххах кодтой. Гуырдзыстоны æмæ Босниа-Герцоговинæйы фæсаæрн хъуыддæгты министртæ ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой дыууæ бæстæйы æхсæн хæларон æмæ партнерон æмкуысткæнынад æиæ Европæмæ интеграцийы фæндагыл дыууæ бæстæйы нысаниуæгджын размæцыд банысан кодтой.
Босниа-Герцоговинæйы фæсарæн хъуыддæгты министр, сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады æрдæм фарсхæцынад.