Михеил Джанелидзе  фембæлд Босниа-Герцоговинæйы фæсарæн хъуыддæгты министримæ
Михеил Джанелидзе фембæлд Босниа-Герцоговинæйы фæсарæн хъуыддæгты министримæ

Гуырдзыстоны  вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты   министр  Михеил Джанелидзе  Кувейты  Босниа-Герцоговинæйы   фæсарæн хъуыддæгты министр  Цранадкимæ  фембæлд. Ацы фембæлд  «Исламы Паддзахады»  ныхмæ  глобалон    коалицийы   министериалы  фæлгæтты сырæзт.

Фæсарæн хъуыддæгты   министрады  пресс-куысты   информацийæ,  фембæлдыл  бæстæты  æхсæн дыууæфарсон  æмкуысткæнынады   рапарахаты  контексты  бæрзонд æмвæзады   фембæлдты нысаниуæг  баххах  кодтой.  Гуырдзыстоны æмæ Босниа-Герцоговинæйы   фæсаæрн хъуыддæгты министртæ  ноджы иу хатт   сбæлвырд кодтой  дыууæ бæстæйы  æхсæн   хæларон æмæ    партнерон  æмкуысткæнынад æиæ   Европæмæ интеграцийы фæндагыл   дыууæ бæстæйы   нысаниуæгджын   размæцыд банысан кодтой.

Босниа-Герцоговинæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр,  сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны  суверенитет  æмæ  территорион æнæхъæндзинады  æрдæм  фарсхæцынад.