Михеил Джанелидзе - Сирийы æрдгæй Абхазий æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбарад банымайын æхсæнадæмон æмгарад æнæмæнгæй хъуамæ бафауа
Михеил Джанелидзе  - Сирийы  æрдгæй Абхазий æмæ  Хуссар Ирыстоны хæдбарад банымайын æхсæнадæмон  æмгарад æнæмæнгæй  хъуамæ   бафауа

Гуырдызстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министр   Михеиль Джанелидзе   Сирийы  æрдгæй Абхазий æмæ  Хуссар Ирыстонæй  цы  регион хуындæуы   уыдоны  «хæдбарад банымады» тыххæй   фидиуæн аразы  «Твиттеры».

«Гуырдзыстоны  дыууæ  историон   регионы  –  Абхазийы  æмæ Цхинвалы  регионы   хæдбарад банымайын,   Уæрæсейы æрдгæй   манипуляцийы  фæстиуæгæн,   Асады режимы æрдгæй,   у  æхсæнадæмон барады  нормæты  ноджы иу  тызмæг  саст.  Ацы факт  æхсæнадæмон  æмгарад æнæмæнгæй  хъуамæ   бафауа»-  фыссы  Михеил Джанелидзе.

Сирийы  фæсарæн хъуыддæгты  министрад, орккупацигонд   Абхазийы æмæ   «Хуссар Ирыстоны»  нымадмæ райсты  фæдыл  фидиуæн  хæлиу кæны.

«Сирийы  ныхмæ  террористон   агрессийы  фоныл,  дыууæфарсон  разыдзинадæй,  Сирийы Арабты  Республикæ  æмæ Абхазийы æмæ  «Хуссар Ирыстоны»  республикæтæ  æрныхас кодтой,  кæрæдзийы  нымадмæ райсты   баивды фæдыл, Сирийы æмæ  Абхазийы  æмæ Хуссар Ирыстоны   æхсæн ахастыты  æрфидар кæныныл.  Дипломативон   ахастытæ   бындурæвæрд  цæуынц   минæварадты  æмвæзадыл» – банысангонд у  фидиуæны.