Михеил Джанелидзе – Парламенты политикон дебаттæ бадзургæ регламентмæ хъуамæ ацыдаиккой
Михеил Джанелидзе – Парламенты  политикон  дебаттæ бадзургæ регламентмæ хъуамæ ацыдаиккой

Парламенты  политикон  дебаттæ  хъуамæ  сырæзтаит  архайæг  регламенты фæлгæтты –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр Михеил Джанелидзе,   президенты    парламенты раз ралæудмæ гæсгæ  райхъусын кодта.

Министры ныхæстæм гæсгæ,    деюатты кастыты, фарст-дзуаппæн  ис æмбæлон  формæ,  кæцы æххæст хъуамæ цæуа.

«мæ  хъуыдымæ гæсгæ ацы политикон дебаттæ уагъд хъуамæ  æрцыдаиккой, регламенты фæлгæтты, уый уыдаит   нысаниуæгджын   дзыллæйæн æмæ афтæдæр  иттæг хорз фадат, алы  фарстæн дзуапп раттынæн.

Хъыгагæн уый нæ  бантыст  æмæ  нысаниуæгджын, цæмæй   хъахъхъæд уа  регламент æмæ цыт кæна алчидæр институттæн.  Ай у иттæг  нысаниуæгджы  демократийæн.  Дебаттæн,  кастытæн, фарст-дзуаппæн ис  æмбæлон формæ,  кæцы æнæмæнгæй  æххæст хъуамæ  цæуа.  Конкретон  фарстытыл   конкретон дзуаппытæ  райсын у  дзыллæйæн сегасæй снысаниуæгджындæр» –  загъта  Джанелидзе.

Знон Гуырдызстоны президент Гиорги Маргвелашвили  домтта,   цæмæй  депутатты дзырдæй ралæуды рæстæджы, йæм уыдаит фадат дзуапп раттын. Ираклий Къобахидзе та  йын райхæлдта, цæмæй   регламентмæ   гæсгæ  йæм алы фарстын дзуапп раттыны  фадат уыдаит   кæронбæттæн дзырдæй ралæуды рæстæджы.  Уый фæстæ   Гиорги Магвелашвили   протесты нысанæй,   парламенты  рабадт ныууагъта.

Уый фæстæ, парламенты  фæтæрхон кодтой,  хъæуы æви нæ  дебатты фоормат раивын.  Фарстæн  парламент не схъæлæс кодта.