Михеил Чъхенкели - Университетты финансдзинады модел ногæй æркаст æрцæудзæн
Ахуырады æмæ зонынады министр Михеил Чхенкелийы хъусинагæй, паддзахадон университеттæ ма хъуамæ оперир кæной афтæ куыд хицæн университеттæ.
Уый фæдыл министр райхъусын кодта парламенты комитетон рабадтыл.
Министры ныхæстæм гæсгæ, уæлдæр ахуыргæнæндæтты финансдзинады модел ногæй æркаст æрцæудзæн. Михеил Чхенкели куыд банысан кодта афтæмæй, ваучерон системæйæн ис йæхи плюстæ фæлæ йын ис минустæ дæр зæгъгæ.
«Иуæй-иу модел, кæцыйыл тæрхон кæнæм, у паддзахадон университетты базисон финансдзинад, уымæн æмæ паддзахадон университеттæ ма хъуамæ архайой куыд хицæн университеттæ афтæ. Реалондзинад нын ис ахæм, цæмæй сæ æфтиагы сæйраг хай у студенттæ цы суммæтæ фидынц ахуыры тыххæй уый, кæцы бирæ проблемæтæ æвзæрын кæны зонадон-иртастыты æрдгæй» – загъта Михеил Чхенкели.
Афтæдæрй æ ныхæстæм гæсгæ, университетты суммæтæ нæ баззайынц, цæмæй серьозонæй сæххæст уа зонадон иртасæнтæ. Чхенкелийы дзырдæй, Дунеон Банкъимæ цалдæр фембæлд сырæзт, æмæ Банчы хъуыдымæ гæсгæйæ, факультеттыл ахуыры фидинаг ма хъуамæ уа æмхуызон, æмæ хъауджы хъуамæ кæна специалондинадмæ гæсгæйæ.