Михайло Подоляк - официалон æмвæзадыл æнхарæм Гуырдзыстоны хицауадæн, радæттут нæм Саакашвилийы, кæд та уæ Украинайæн радæттын нæ фæнды, уæд кæцыфæнды Европаг бæстæмæ арвитут, мæхæдæг æрцæудзынæн æмæ йæ раласдзынæн
Æндæр бæстæты мид хъуыддæгты нæхи нæ тъыссæм, официалон æмвæзадыл æнхъарæм Гуырдзыстоны хицауадæн, раттут нын Михеил Саакашвилийы, – уый фæдыл Украинайы президенты администрацийы уынаффæгæнæг, Михайло Подоляк райхъусын кодта.
Подолякы дзырдæй, зæгъгæ сæ позици у, цæмæй Гуырдзыстоны хицауады кæд нæ фæнды Саакашвилийы Украинайæн адæттын, уæд кæцыфæнды европаг бæстæмæ адæттæт.
Уыимæ Украинайы президенты администрацийы уынаффæгæнæг хуъсын кæны, цæмæй Саакашвилийы Украинайæн адæттынæн, Уæрæсейы æрдгæй æфсæддон агрессийы цæстæнгасæй, ницы фæтсиуæг уыдзæн.
«Украинайы президент Володимир Зеленскимæ ис нысаниуæгджын позици, Уæрæсейæн хъауджыйæ, ма æндæр бæстæты мид хуъыддæгты нæхи нæ тъыссæм. Ницы уынаффæтæ дæттæм. Уый у иттæг нысаниуæгджын параметр. Официалон æмвæзадыл æнхъарæм Гуырдзыстоны хицауадæн, радæттæт нæм Саакашвилийы. Стыр симпатийæ дæн Михеил Саакашвилимæ. Цыт йын кæнын уымæн æмæ историон масштабы фигурæ у. Нæ официалон позици у, раддæтæт нæм Саакашвилийы хискæныны нысанæн. Уæрæсейы æрдгæй æфсæддон агрессийы цæстæнгасæй ницы фæстиуæг уыдзæн, бæлвырд уын дзурæм. Æрмæст кæд уæ нæ фæнды комкоммæ Украианйæн радæттын, уæд æй арвитут кæцыфæнды æртыккаг Европаг бæстæмæ, цы ран ис гæнæн уымæн æмбæлгæйæ схос кæнын, цæй гæнæн, хъыгагæн нæй Гуырдзыстоны. Уый официалон позицийы тыххæй куы зæгъæм, кæцыйы арæх фиксир кæнæм, бирæ каналтæй уый нымæцы дипломатонæй. Президент Зеленски æмæ æндæр номдзыд адæймæгтæ дæр уый фæдыл аразынц фидиуæнтæ», – райхъусын кодта Подоляк.
Подолякы дзырдæй, йæ хисæрмагонд позици официалонæй бирæ радикалондæр у æмæ нымайы, цæмæй «Гуырдзыстоны хицауады барæй фæдыл, историйы Гуырдзыстон бакæна паддзахадæй, кæцы йæ президенты ахæстоны хъизæмарæй барæй мардта».
«Мæхи позицийы тыххæй куы зæгъон, уæд уый бирæ радикалондæр у. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауады фæнды, Гуырдзыстон историмæ бахæсса сау къæмау, – паддзахадæй, кæцы йæ президенты ахæстоны хъизæмарæй барæй мардта. Афтæ мæм кæсы сæрмагондæй мæнмæ. Æз сын хуымæтæг уынаффæ дæттын, хиитъыссынæй цух, комкоммæ сын дзурын – нырыккон хицауады, æмтгæй зæгъгæйæ паддзахады минæвæрттæ, хицаугæнæг партийы депутаттæ, партийы, кæцыйæн цæмæндæр афтæ тыхджын сæ зæрдæмæ цæуы Уæрæсе, афтæ ма ракæнут æмæ уæхи Гурдзыстоны историйы сау дамгъæтæй ныффыссат. Оптималон вариант у, раддат нæм æй кæцыфæнды бæстæйæн, кæд уæ фæнды, уæд мæхæдæг æрцæудзынæн æмæ йæ ракæндзынæн, уый нæу проблемæ. Æрмæст мæ фæнды сæ мотиваци бамбарын», – райхъусын кодта Подоляк.