Миграцион уагдоны æмæ арæйнон пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой фондз фæсарæйнаг æмбæстаджы, кæцытæ æнæзакъонæй уыдысты Гуырдзыстоны
Мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент æмæ арæнгæрон пъæлицæйы иумæйагæй райсгæ вазыгджын мадзæлтты фæстиуæгæн æдæппæтæй ахст æрцыдысты Индийы, Пакистаны, Нигерийы æмæ Непалы фондз æмбæстаджы.
Мидхъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, сбæлвырд ис, цæмæй ахст адæймæгтæ бæстæйы уыдысты æнæ юридикон бындурæй, Гуырдзыстоны закъон «Фæсарæйнæгты æмæ æнæпаддзахадон гоймæгты юридикон уавæры фæдыл» хынцгæйæ. Уыдон æнæзакъонæй спайда кодтой æмбæхсæн процедурæйы нысангонд уавæртæй æмæ æнæ юридикон бындуртæй бирæ азты дæргъы баззадысты бæстæйы.
«Ахстгондтæ нæ спайда кодтой ссæрибар кæныны æскъуыддзагы банысангонд уавæртæй, кæцы йæ зæрдыл дары бæстæйæ барвæндонæй ацæуын, цæй фæстиуæгæн дæр мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент снысангонд адæймæгты ахсты фæдыл уынаффæ райста.
Уынаффæ сæххæст кæныны тыххæй, ахстгонд адæймæгтæ ныртæккæ Миграцион департаменты рæстæгмæ цæрæнуæтты центры æвæрд цæуынц, цæмæй фæстæдæр сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхой» -ис фыст информацийы.