Миграцион уагдоны кусджытæ Гуырдзыстонæй 26 фæсарæйнаг æмбæстаджы атардтой
Миграцион уагдоны кусджытæ Гуырдзыстонæй 26 фæсарæйнаг æмбæстаджы атардтой

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент æмæ министрады профилон дæлхайæдтæ Гуырдзыстонæй 26 фæсарæйнаг æмбæстагы ссæрибар кæнын сæххæст кодтой. Уый фæдыл информаци мидхъуыдтæгты министрад парахат кæны.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, ссæрибаргонд адæймæгтæн бæстæмæ æрбацыд тобæгонд у.

«Фæстаг бонты ист вазыгджын мадзæлтты фæстиуæгæн, бæстæйæ атагъд æрцыдысты Индийы, Турчы, Китайы, Пакистаны, Туркменийы, Иракы, Египеты, Азербайджаны, Иорданийы æмæ Чады 26 æмбæстаг.

Ныртæккæйы закъондæттынадмæ гæсгæ, ссæрибаргонд адæймæгтæн бæстæмæ æрбацæуын тобæгонд æрцыд.

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент бæстæйы мидæг æнæлегалон миграцийы ныхмæ тохы бæрнон орган у. Йæ компетенцитæй иу у фæсарæйнаг æмбæстæгты рабæрæг кæнын, кæцытæ сты Гуырдзыстоны æнæ юридикон бындурæй æмæ сæ Гуырдзыстонæй ссæрибар кæнын», -ис фыст МХъМ-ы расидæны.