Мидхъуыдтæгты министрад цыппар мæйы дæргъы 18 килограм наркотикон фæрæз систа æмæ 754 уæнг æрцахста
Мидхъуыдтæгты министрад цыппар мæйы дæргъы 18 килограм наркотикон фæрæз систа æмæ 754 уæнг æрцахста

Барадхъахъæнджытæ фæстаг цыппар мæцы, ацы аз 1-æм январæй 24-æм апрелы онг æнæхъæн бæстæйы масштабæй æндæр æмæ æндæр рæстæджы реализгонд оперативон-фæдагуырдон мадзæлтты фæстиуæг, æнæзаконон здæхтæй систой 18 килограмм наркотикон фæрæз, æндæр æмæ æндæр хуызы ног психиатрион æмæ психотропон фæрæзтæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрады централон криминалон полицийы департаменты, организгонд аххосагимæ тохы сæйраг æмарæзты сæрдар Мамука Чъелидзе брифингыл раисдтис.

«Минитсрады иуæй иу сæйраг нысан у æмæ приоритет наркотикон фæрæзты балхæд-бавæрды æмæ апарахаты ныхмæ активон  тох æмæ наркотикон фæрæзтæй ист зианы максималонæй фæкъаддæр кæнын.

Ацы периды наркотикон аххосагæй ахст æрцыдысты 754 уæнг, се æхсæн 394 уæнг стыр нымæцæй наркотикон фæрæзты ауæй-бавæрды аххосагæй» – расидтис Чъелидзе.

Йæ    информацимæ гæсгæ, министрады кусджытæ Ираны æхсæз æмбæстаг æрцахстой.

Мидхъуыдтæгты министрады кусджытæ куыст даргъ кæнынц снысангонд аххосагы ныхмæ тохы – ис фыст уагдоны раисдæны.