Мидхъуыддæгты министрад хъахъхъæды полицийы департаменты 5 150 кусæгæн сæ мыздтæ фæфылдæр кодта 125 ларийæ
Мидхъуыддæгты министрад хъахъъæды полицийы департаменты 5 150 кусæгæн, кæцыты мызд сеппæтæй ныллæгдæр уыдис, фæфылдæр кодта 125 ларийæ – уый фæдыл информацийы хъусын кæны мидхъуыддæгты министрад.
Уагдоны хъусинагæй, мидхъуыддæгты министрады системон ранæуæгы фæлгæтты, департаменты мыздты фæфылдæры процесс этапгай цæуы.
«Фыццаг этапыл мызд фæфылдæр ис уыцы кусджытæн, кæцытæн мызд уыдис сегасæй ныллæгдæр. Дыккаг этапыл та мызд фæфылдæр уыдзæн алы дæлхайады кусæгæн. Кусджыты социалон ифтонгад фæхузыдæр, полицион инфраструктурæйы тынгад æмæ æмбæлон кусæн уæварæты срæвдз кæнын, мидхъуыддæгты министрады приоритет у»- банысангонд у МХМ-ы информацийы.