Евросоветы  иртасæнмæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстоны  дискриминацийы   цауты фæдыл  полицийыл æууæнк  бæрзонд у
Евросоветы иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны дискриминацийы цауты фæдыл полицийыл æууæнк бæрзонд у

Европæйы совет  бавдыста иртасæн, кæцы   проект «Дискриминацийы, фыдзæрдæдзинадæй  мотивацигонд  фыдракæнды  æмæ фыдзæрдæдзинады   æвзагы  ныхмæ  тох Гуырдзыстон»  фæгæтты  æрцыд уагъд.  Информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министрады  пресс-куыст.

ИРтасæн  евросоветы  заказæй  иртасаг  организаци CRRC  2918  азы   июн- сентябры   периоды  ауагъдта.

МХМ-ы хъусинагæй, фæнсынагонд  иртасæн равдыста, цæмæй  Гуырдзыстоны  цæрджытæй  æрдæг зонынц, ома фыдзæрдæдзинадæй мотивацигонд   фыдракæнды   кæнæ  фыддзырды   амæттагæн йæ бон у,  фехъусын кæна  полицийæн,  тæрхондонæн æмæ адæмон хъахъъхæнæгæн.

«Иртасæны фæстиуджытæй  бæрæг у,  цæмæй  рафарст цæрджыты фылдæр (62%)  æууæнк сидынц  полицийæн. Иртасæнæй  афтæдæр бæрæг у, цæмæй  фыддзырды кæнæ   фæдзæрдæдзинадæй  мотивацигонд   фыдракæнды амæттæгты  сеппæтæй  фылдæр  хай949%)  растдæр полицимæ баздæхдзысты.

Евросоветы  заказгонд  иртсæнæй  фæбæрæг ис, цæмйæ  æмбæстæгты   фылдæры хай,  барадон  хъахъхъæды  архайæг механизмты  сеппæтæй  егъау æууæнк  полицийæн æмæ  мидхъуыддæгты министрадæн сидынц» –  хъусын кæнынц  МХМ-ы.

Афтæдæр сæ  хъусинагæй,   хыгъдлæвæрд  æвдисы  бæстæйы  масштабæй  минæварадон  иртасæнæй   лæмбынæг интервьюты  æмæ фокускъордты  фæстиуджытæм.