Мидхъуыддæгты министрады делегаци Польшæйы  официалон фембæлдтæ ауагъдта
Мидхъуыддæгты министрады делегаци Польшæйы официалон фембæлдтæ ауагъдта

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады арæйнон пъæлицæйы  хистæр Николоз Шарадзе  æмæ  патрулон пъæлицæйы  депратменты  директор  Важа Сирадзе  Польшæйы,   горæт Варшавайы, «Frontex»-ы  организацигонд  арæны пъæлицæйы  25-æм  æхсæнадæмон   конференцийыл уыдысты.

МХМ-ы хъусинагæй,   мадзалы  сæйраг   темæ  уыд  арæныл  сæвзæргæ  уæлвæтк уавæртыл реагир кæнынмæ  бацæттæ.

Æхсæнадæмон конференцийыл  уыдысты Дунейы  æндæр æмæ æндæр  бæстæты  арæйнон æмæ донбыл пъæлицæйы  къухдариуæггæнджытæ.

Визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны арæйнон  пъæлицæйы  æмæ патрулон пъæлицæйы   къухдариуæггæнæг  уæнгтæ  Молдовæйы  Республикæйы  МХМ-ы арæйнон  пъæлицæйы   генералон  инспектораты хистæр, Росиан Василойимæ  дыууæфарсон фембæлд ауагъдтой  æмæ  дыууæ бæстæйы арæйнон   уагдæтты æхсæн  æмгукыстад фæарфдæры фæдыл фæныхас кодтой.

Гуырдзиаг делегацийы уæнгтæ  афтæдæр фембæлдысты  «Frontex»-ы  оперативон  реагиркæныны департаменты  къухдариуæггæнæг   Ана Кристине Йоргеимæ.   Фарсытæ  Гуырдзыстоны МХМ-ы  æмæ Frontex-ы æмгуыстад фæарфдæры перспективæтæ æмæ фидæнон плантæ  æркастысты.