Ираклий Гъарибашвили – 2026 азы онг, æрвылазонæй, минимум  10%-æй фæфылдæр уыдзæн падзахадон гæсты  мыздтæ, æввахс  3-4 азы мидæг  мыздты рæзт уыдзæн 50% бæрæггææнæнæй
Ираклий Гъарибашвили – 2026 азы онг, æрвылазонæй, минимум 10%-æй фæфылдæр уыдзæн падзахадон гæсты мыздтæ, æввахс 3-4 азы мидæг мыздты рæзт уыдзæн 50% бæрæггææнæнæй

2026 азм æрвылазонæй  минимум 10%æй   сбæрзонддæр уыдзæн  хицауадон секторы кусджыты мыздтæ  æмæ æмтгæй  райсгæйæ  рацæудзæн 50% рæзт  æввахс  3-4  азы дæргъы – уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили   райхъусын кодта хицауады рабадтыл.

Гъарибашвили куыд банысан кодт афтæмæй,   сентябры  хицауад  парламентмæ  баздæхдзæн  æмæ  бюджеты  коррекци скæнын  æркурдзæн.

«Бюджет райрæздзæн  уымæн æмæ ахæм  бæрзонд экономикон райрæзты тыххæй, уæлæмхас  æфтиæгтæ  фæзындис  паддзахадмæ.  Цæй зæгъын æй хъæуы   фылдæр суммæтæ  нын уыдзæн райуаринаг  уагдæттæм  гæсгæйæ æмæ фылдæр проекттæ  сфинанс уыдзæн.  Уый  нын афтæдæр дæтты фадат  цæмæй  паддзахадон секторы  кусджытæн сæ мыздтæ  фæфылдæр кæнæм, 2017 азæй  2020 азмæ  практиконæй иу афæдз дæр нæ уыд   мыздты  рæзт  секторы, кæцы мæ хъуыдымæ гæсгæ, стыр рæдыд уыд.  Куысты  мыздты æрдгæй  хицæн секторæй фæстæзады бæрæггæнæн   æгæр бæрзонд у, уый тыхæй  хъæуы  уый сраст кæнын.

Мæ барамындæй  ацы аз январы, райдыдтам  уый раст кæнын. Январы мыздтæ  10%-æй райрæзтысты  алы  падздахадон  секторы кусæгæн.  Цæрджытæн мæ фæнды  зæгъын, цæмæй  махмæ уыдзæн  сабырдзинад  æмæ бæрзонд экономикон рæзт, кæцы  нысан кæны  фарн  нæ  æмбæстæгтæн  æмæ  бæстæйæн» –  райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.