Мидхъуыддæгты министрад, барадхъахъхъæнæг офицеры 365 вакансийыл расидтис куырдиæтты райст
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад расидтис 365 барадхъахъхъæнæг офцеры банытмæ вакансийыл куырдиæтты райст.
Сæйраг домæн у – уæлдæр ахуыр.
Уымæй уæлдай ма, абонæй райдайы кусын МХМ-ы официалон веб-фарс Officer.ge, кæцы у барадхъахъхъæнæг офицерты коммуникацийы фæрæз. Ацы веб-фарсыл райсдзысты вакантон позицмæ куырдиæттæ.
Афтæма сайты руаджы, æмбæстæгтæн бауыдзæн сæ бон информаци райсын, барадхъахъъæнæг офицерты фæдыл æмæ комкоммæ коммуникаци сæм уа сæ районы кусæг офицертимæ.
Афтæдæр райды Информацион кампани. Массон информацион фæрæзты фæзындзысты видео-зылдтæгтæ, æввахс къуыриты МХМ-ы ауцæудзæн «гом дуары» бон, кæцыйы фæлгæтты кæцыфæнды интересджын уæнгтæн сæ бон уыдзæн райсын деталон инфоормаци, барадахъахъхъæнæг офицеры вакансийы, йæ хæстæ, куысты аууæлтты фæдыл æмæ а.д.