Мевлут Чавушогълу - Хъуамæ цыт кæнæм Гуырдзыстоны позицийæн 3+3 форматмæ гæсгæ
Æмбарæм Гуырдзыстоны æрдгæй ахæм хъавгæ ахаст, айхуызæн уæззау уавæртæ куы ис уæд, мæ хъуыдыйы дарын Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон, – уый фæдыл Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр Мевлут Чавушогълу, а.х. 3+3 форматы фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы фарсты дзуаппæн загъта.
Фарстыл, куыд æм кæсы ацы форматы Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æмгуыстады гæнæндзинад, Уæрæсе Гуырдзыстоны территориты оккупацигондæй куы дары æмæ иунæг æхсæнадæмон хæсист дæр куы не ххæст кæны, Мевлут Чавушогълу банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны позицийæн зæгъгæ цыт хъуамæ кæной.
«Сæрæй дæр куыд банысан кодтон, афтæмæй, фембæлды фæныхас кодтам æртæфарсон форматыл. Нæ нысан у, регионы сабырдзинад æмæ стабилондзинад фæстагмæ æрфидар кæнын. Экономикон æмæ логистикон фарстæты хъуамæ саразæм ахæм къахдзæфтæ, кæцытæ ахъаз уыдзысты æууæнк сбæрзонддæр кæнын. Æмбарæм Гуырдзыстоны æрдгæй ахæм хъавгæ ахаст, айхуызæн уæззау уавæртæ куы ис уæд, мæ хъуыдыйы дарын Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон. Дыууæфарсон форматы ахæм диалог райдаын зын уыдзæн æмæ бирæфарсон форматы та, гæнæн ис, цъус æнцондæр уа, фæлæ ацы фарсты хъуамæ цыт кæнæм Гуырдзыстоны позицийæн. Æндæр бирæ фæлмæндæр позици хъуамæ равдисæм ацы форматтæм гæсгæ», – райхъусын кодта Мевлут Чавушогълу Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ фембæлды фæстæ иумæйаг брифингыл.
Бæрæг куыд у афтæмæй, æхсæз бæстæйы хайадæй ног платформæ саразыны инициативæйæ Азербайджаны æмæ Турчы президенттæ ивгъуыд азы кæрон рацыдысты. Азербайджаны президент Ильхам Алиев куыд райхъусын кодта, уымæ гæсгæ, зæгъгæ ацы рæстæгмæ ис Турк-Азербайджан-Гуырдзыстоны, Азербайджан-Иран-Уæрæсейы æмæ Турк-Уæрæсе-Ираны æмгуыстады форматтæ æмæ гæнæн ис, сæ иу форматы баиу кæнын. Гуырдзыстоны позицийы тыххæй, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианийы дзырдæй, зæгъгæ, бæстæимæ, кæцы Гуырдзыстоны территориты 20% оккупацигондæй дары æмæ дарддæр кæны æнæзакъонон архæйдтытæ, нысаниуæгджын экономикон проекттыл ныхас кæнын, Гуырдзыстонæн зын уыдзæнис.