Метеорологты фæдзæхст - Испани æмæ Португалийы уæлдæфы температурæ гæнæн ис, 48 градусмæ ахæццæ уа [видео]
Метеорологты хъусинагæй, Испаниæмæ Португалийы, Уæлдæфы температурæ цæугæ къуырийы гæнæн ис 48 градусмæ ысхиза. Синоптикты хъусинагæй, туристтæ хъуамæ сæ зæрдыл дарæт, цæмæй Европæйы хуссары, майрæмборн термометры нысан рекордон бæрцмæ ысхиздзæн.
Метеорологтæ куыд дзурынц афтæмæй, сæрмагонд тæвд æнхъæлмæ кæсинаг у Испанийы Ибериайы регионы, æрмæст Португалийы та Альгаврейы. Уым температурæ райсдзæн 41 азон рекорд.
Прогнозмæ гæсгæ, æнæбафæразгæ тæвд æнхъæлмæкæсинаг у Францы хуссар-ныгуылæны дæр.
Æмбæстæгтæн амонынц, боны дæргъы сæхи бахизой хурæй, сæрмагондæй та ацæргæтæ æмæ сывæллæттæ.
Ныр Европæйы фиксиргонд бæрзонд температурæйы рекорд у 48 градус, кцы сфиксир ис Грецийы 1977 азы июлы.
Тæвд бонты тыххæй, афтæдæр рæзы хъæды зынгсирвæзты рискъ. Ныр зынгсирвæзт ис Испанийы. Сыгъд Гибралтары донкъубалмæ хæстæг сахар Тарифайы цур ахæлиу ис. Зынгсирвæзты тас ис Камарилиан Поинты националон паркъы дæр.