Николоз Самхарадзе – план кæнæм, декабры кæронмæ ныццæуæм  Европæйы сæйраг горæттæм, фæныхас кæнæм семæ  рекомендациты фæндагыл нын цы прогресс ис уый фæдыл
Николоз Самхарадзе – план кæнæм, декабры кæронмæ ныццæуæм Европæйы сæйраг горæттæм, фæныхас кæнæм семæ рекомендациты фæндагыл нын цы прогресс ис уый фæдыл

 

Парламенты æддаг  ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзейы  фидуиæнæй,  Гуырдзыстоны парламентон делегаци абон Мальтæмæ  визит райдыдта, кæцыйы фæлгæтты  ныхас уыдзæн   рекомендациты сыххæсты фæндагыл Гуырдзыстоны  прогрессы фæдыл, Европаг фæндагыл Гуырдзыстонæн  æххуысыл.

Самхарадзейы дзырдæй,  зæгъгæ йæм ныфс ис, визиты фæстæ Мальтæ Гуырдзыстонæн статус раттыны  иуæй-иу  фидар фарсхæцæг уыдзæн. Николоз Самхарадзейы  æмбарынгæнæнмæ  гæсгæйæ, декабры  кæронмæ сыххæст уыдзæн  визиттæ Европæйы  сæйраг горæттæм  сæ фарсхæцын ссарынæн.

«Плангонд нын у, цæмæй декабры кæронмæ Европæйы сæйраг горæттæм фæуазæг уæм æмæ  семæ фæныхас кæнæм  прогрессыл, кæцы ис Гуырдзыстонæн Европаг  рекомендациты сыххæсты æрдгæй, афтæма, самал кæнæм алы  сæйраг горæты  фарсхæцын, уымæн æмæ ацы  цауы  нысаниуæгджын у, 27 паддзахады сеппæты дæр дырыс позици  Гуырдзыстонæн кандидаты статус  раттыны фæдыл.  Уыдзæн нын фембæлдтæ  куыд Мальтæйы  Республикæйы  парламенты  сæрдаримæ æмæ комитеты сæрдæрттимæ, афтæма  бæстæйы   президентимæ. Ныфс нæ ис,  цæмæй  ацы  визиты  фæстæ Мальтæ  иуæй-иу фидардæр фарсхæцæг уыдзæн  Гуырдзыстонæн статус раттыны цæстæнгасæй, афтæма Евроцæдисы уæнгдзинадæн  бадзырдтæ райдаыны æрдгæй», – райхъусын кодта Николоз Самхарадзе.