Мегис Кардава хъусын кæны, цæмæй Украинайæ Гуырдзыстонмæ йæ экстрадицийы батагъд кæнын план кæнынц

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады  æфсæддон  пъæлицæйы  департаменты  раздæры  хистæр  Мегис Кардава хъусын кæны, цæмæй Украинайæ  Гуырдзыстонмæ йæ экстрадици  фæбатагъд кæнын план кæнынц.  Уый фæдыл дзырдæуы фидиуæны, кæцыйы «Фейсбукы»  Мегис Кардавайы  номæй  йæ бинойнаг  публикаци кæны.

«Украинайы  æмбæлгæ инстанцийы  уынафæйæ,   Гуырдзыстоны мæ экстрадицийы  процесс  батагъд  кодтой, кæцы фарсыты æхсæн политикон  бадзырды акт у  æмæ  баст у политикон ахæстты, нæ  украинаг æфсымæрты   коцхицауады  амынæтæй  суæгъд кæнын  кæнæ та у  æнæформалон  баивд дыууæ паддзахады æхсæн, кæцыйæ афтæдæр спайда кæндзæн  «Гуырдзиаг Бæллицц»  традицион уырыссаг  фыдзæрдæдзинады пропагандæйыл  æнцойæвæрд  разæвзарæнон  кампанийæн» –   банысангонд у фидиуæны.

Гуырдзыстоны сæйраг прокуратурæ Мегис Кардавайы  экстрадици æрдомтта  11 тугтæрхоны  хъуыддагыл, кæцыты тыххæй, уымæн бæрæг хъуыддæгты зылынгæнæг тæрхоныскуыд рахастой, æрмæст иннæ хъуыддæгтæ лæмбынæг каст цæуынц æмбæлгæ тæрхондæтты.

Гуырдзыстоны 10 тугтæрхоны хъуыддагыл зылынмæ лæвæрд æмæ  тæрхонмæ лæвæрд Мегис Кардавайы Украинайы 2017 азы  фыццаг ноябры æрцахстой.  Кардавайы жкстрадици  гуырдзиаг фарс йæ æрцахсты бонæй  куры.  Уыимæ иумæ  2018  азы декабры  Кардавайæн экстрадицион ахсты фæдыл уынаффæ ивд æрцыд мидахсты уынаффæйæ.