АИШ-ы минæварады  информацийæ, Гуырдзыстонæй  Америкæмæ сыххæст ис агуырды уæвæг  дыууæ гоймагы экстрадици
АИШ-ы минæварады информацийæ, Гуырдзыстонæй Америкæмæ сыххæст ис агуырды уæвæг дыууæ гоймагы экстрадици

Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады  информацийæ,   наркотикты ныхмæ тохы  уагдоны (DEA) агуырды уæвæг  Мохамед  Ясины   æмæ Хасан  Абдул  Рахманы  Гуырдзыстонæй  Америкæмæ экстрадици сыххæст ис.

Минæварады хъусинагæй,  Ясин   у  Ливаны  архайæг   æхца ссурс кæныны  организацийы лидер, кæцыйы  лæггадæй наркотикты реализацигæнæг криминалон  субъекттæ  æппæт дунейæ   пайда кодтой.

«2021 азы сентябры, DEA-мæ æмкуыстгæнгæйæ,  Ясин æмæ Оахманы централон криминалон пъæлицæйы  департамент Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты  æрцахста.  2022 азы   марты  Гуырдзыстоны  сæйраг тæрхондон сæ экстрадицийы фæдыл уынаффæ рахаста  æмæ уый уыдис фыццаг цау,  DEA-ы агурыды  уæвæг   уæнгты алæвæрд куы æрцыд   Гуырдзыстонæй», – банысангонд у  минæварады  информацийы.