Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады æфсæддон пъæлицæйы департаменты раздæры хистæр, Мегис Кардавайы Украинайæ Гуырдзыстонмæ экстрадици сыххæст ис.
Мегис Кардавайы Киевæй Тбилисы æхсæнадæмон аэропортмæ цъус рæстæг размæ æрластой.
Гуырдзыстоны 11 тугтæрхоны барады хъуыддагы тыххæй зылынмæ æмæ тæрхонмæ лæвæрд Мегис Кардавайы Украинайы 2017 азы фыццаг ноябры æрцахстой. Йæ экстрадици гуырдзиаг фарс домтта йæ ачты бонæй. 2018 азæй Мегис Кардавайæн экстрадицион ахст фæивдтой мидахсты уынаффæйæ, цалдæр боны размæ та йæ фæстæмæ ахæстонмæ аргъæвдтой.