Медийы  хуъсинагæй,  Иран, Азербайджан æмæ Сомихыстонимæ  арæны  цур æфсæддон  техникæ слæууын кодта
Медийы хуъсинагæй, Иран, Азербайджан æмæ Сомихыстонимæ арæны цур æфсæддон техникæ слæууын кодта

Уæлхох Карабахы  конфликты  фоныл,  Ираны  Исламон Революцийы  хъарагъулты  корпус Азербайджаны æмæ  Сомихыстонимæ арæнтæм  танктæ æмæ æфсæддон техникæ  арвыста. Уый фæдыл информаци  ахæлиу  кодта ирайнаг  агентад  «Ирна».

Ирайнаг медийы  хъусинагæй,  æфсæддон техникæ  æрбынат кодта  Ираны  хурыскæсæны, Азербайджайнаг  провинциты горæтты Джопа æмæ  Хода Афарины.  Ирайны ныгуылæн  Азербайджаны провинци  æмарæн у  куыд Сомихыстон – афтæ Азербайджан дæр.

Бакой уын кæндзыстæм, цалдæр бон размæ  ирайнаг  медиа  айхъусын кодта  информаци, ома Ираны  территорийыл  æнæпилот  тæхæн аппарат  æрхаудта, кæцы удис  Азербайджан кæнæ Сомихыстоны  гарзджын тыхты сæрмагонд.