Медийы информацийæ, Уæрæсейы тыхтæ Украинайы горæттыл бомбæкалд сыххæст кодтой
Украинаг медийы информацийæ, Одесæ æмæ Миколаивы зылдты фæдисы сигналтæ хъуысынц. Бомбæкалд уыд харьковы цæрæн сыхтыл, цы ран развæлгъау информацийæ, фæцæф сты æхсæз æмæ амард æртæ адæймаг. Медийы хъусинагæй, бомбæкалд уыд Сумыйы зылды цы ран арæнгæрон районтæм уыд 4 бырст.
Луганскы губернатор Сергей Гайдайы информацийæ, уырыссаг тыхтæ Лисичанскы æмæ Бахмуты иугæнæг фæндаг бацахсын архайынц. Хæсты абцахуыргæнæг америкаг институты аргълæвæрдæй, уырыссаг тыхтæ зæгъæн ис æххæстæй бацахстой Северодонецкы цæрæн хай æмæ дарддæр кæнынц бырсæнцыд Славянскмæ, архайынц украинаг тыхты хъахъхъæнынад атонын. Лисичанскмæ рацæуын та архайынц хуссары рдгæй. Знаг йæ тыхтæ раконд райдыдта позицитæй Запорожьейы зылды. Херсоны зылды та оккупацион тыхтæн нæ бацис сæ бон раздæры позицитæм æрыздæзын цæугæдон Игулецы ныгуылæны.
ИНОйы бæрæггæнæнтæй, хæст райдаынæй Украианйы иууыл цъус 4 253 хуымæтæг æмбæстаг амард, сæ нымæцы 272 сывæллон, фæлæ организацийы фидиуæнæй, бæрæггæнæнтæ дырыс нырма не сты æмæ реалон нымæц нырма нæу бæрæг.