Медийы информацийæ, Сомихыстон-Азербайджаны  арæныл уавæр фæстæмæ  ныттынггонд у
Медийы информацийæ, Сомихыстон-Азербайджаны арæныл уавæр фæстæмæ ныттынггонд у

Сомихыстон-Азербайджаны арæныл  уавæр фæстæмæ  ныттынггонд у. Информацион агентад  «ройтеры» информацийæ, арæныл  дарддæр кæнынц тохæмбæлдтæ.

«Ройтер» куыст фыссы афтæмæй, Сомихыстоны  хъахъхъæнынады министрады  информацийæ,   ныхмæлæууæг  Джермукы  æрдæм  æнæпилот тæхæн аппараттæй  спайда кодта.  Сæумæрайсомы 80:00 сахатæй та  ныхмæлæууг  артиллери æмæ  минææхсджытæй архайдта.  «Ройтер» афтæдæр фыссы, цæмæй  агентадæн  фæнысангонд  фидиуæнмæ гæсгæ  информаци рабæлвырд кæнын азербайджайнаг фарсимæ нæ  бантысти.

«Ройтеры» хъусинагæй,  фæстаг бонты дæргъы  æрцæугæ  быцæудзинады  фæстиуæгæн, сомихаг фарсы  æрдгæй  49  æфсæддон,  Азербайджанæй та  50 æфсæддон амард.  Æхст фæурæды фæдыл  бадзырды  хæлды  дыууæдæр фарсы  кæрæдзи аххосджын кæнынц.