Медийы информацийæ, Германийы хицауад бæстæйæ 40 уырыссаг  дипломаты феддæдуар кодтой
Медийы информацийæ, Германийы хицауад бæстæйæ 40 уырыссаг дипломаты феддæдуар кодтой

 

Германийы хицауад бæстæйæ 40 уырыссаг   дипломаты  феддæдуар кæндзæн.  Уый фæдыл  информаци  «ВВС» немыцаг  медийыл æнцойæ  хъусын кæны.  Фæнысангонд  уынаффæ  Германийы  хицауад Украинайы горæт Бучайы  сабырадон æмбæстæгты  массон   цагъды  дзуаппæн рахаста.

Уæдмæ, Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр Аналена Бербок  райхъусын кодта, ома Германи  Уæрæсейы  минæварады нысаниуæгджын  нымæцы  кусджыты æнæфæндон уæнгтæй  райхъусын кæндзæн.

«Бучайæ къамт уый æвдисынц æрымысæн,  цæмæн нæй  ахæм дурзæрдæдзинады тыххæй  Уæрæсейы  хицауады рдгæй, йæ пропагандæйы фæдыл чи цæуы,  уыдон.  Уый тыххæй дæр, Германийы  хицауад абон ахицæн кодта, нæфæндон  уангтыл банымайа  Уæрæсейы  кусджыты  нысаниуæгджын  нымæц, кæцыта ам Германийы  æрвылбойнонæй  нæ сæрибардзинады ныхмæ,  нæ  æхсæнады  иудзинады  ныхмæ кусынц», –  райхъусын кодта Бербок.

Агентад «Ройтер» куыд банысан кодтой, афтæмæй, Германийы  фæсарæн хъуыддæгты министрады аккредитацигонд  сты бæстæйы  104  уырыссаг дипломат.

Уыимæ министр банысан кодта, цæмæй Германи  Украинайы  гарзджын тыхтæн æххуыс дарддæр кæндзæн.

«Нæ партнертимæ иумæ радон  дзуаппон къахдзæфтæ  аразæм.  Ноджы  фæкарздæр кæндзыстæм уæвæг санкцитæ  Уæрæсейы ныхмæ,  скуыддзаггæнæгæй  райрæзын кæндзыстæм нæ фарсхæцын  Украинайы  гарзджын  тыхæн  æмæ афтæдæр  стызджын кæндзыстæм  НАТО-йы  хурыскæсæны фланг», –  райхъусын кодта немыцаг  дипломат.