Медиайы хъусинагæй, Украинайы  æфсады хайадтæ горæт Соледар ныууагъдтой
Медиайы хъусинагæй, Украинайы æфсады хайадтæ горæт Соледар ныууагъдтой

Украинайы  армийы æфсæддон   хайадтæ  горæт  Соледар ныууагъдтой.  Украинайы гарзджын   тыхты  хурыскæсæн   къорды   спикер   Сергей  Череватый  Соледарæй   рацыды бæлвырд датæ нæ  конкрет кæны.

«Цалдæрмæййон   уæззау  тохы  фæстæ,  ивгъуыд куыриты дæргъы  Украинайы гарзджын тыхтæ   ныууагъдтой  горæт Соледар æмæ рахызтысты  йæ æддаг сыхтæм рагафон бацæттæгонд   позицитæм», –   загъта Украинайы   æфсады минæвар.

Уæрæсейы   хъахъхъæнынады министрады  Соледары бацахсыны  фæдыл   дыууæ къуырийы размæ  фехъусын кодтой.