Маскæ дарын абонæй æмæнæгхъæугæ у гом тыгъдадты дæр, цы ран фондзæй фылдæр адæймаг æрымбырд вæйы
Абонæй маскæ дарын æнæмæнгхъæугæ у гом тыгъдады дæр, уыцы рæтты цы ран фондзæй фылдæр адæймаг æмбырд кæны. Æмбæлгæ уынаффæ, æхсæнуагдонон координацион совет зноны рабадтыл рахаста.
Æхсæнуагдонон координацион советимæ уæвæг оперативон штабы хистæр, Гиорги Гъибрадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ уынаффæ хаст уыд, фæстаг периоды эпидемиологион уавæры фæфыддæры тыххæй.
«Зондзыстут æй, маскæ дарын æнæмæнгхъæугæ у æхгæд тыгъдады æмæ гом тыгъдады адæм арæх рæтты, транспорты æрлæууæнты, базарты, æхсæнадон транспорты. Советы уынаффæйæ, 10 августæй, маскæ дарын æнæмæнгхъæугæ бауыдзæн гом тыгъдады дæр алкуыран, цы рæтты фондзæй фылдæр адæймаг æрымбырд вæййы.
Бакой уын кæндзынæн, æхсæвы клубты куыст куыд гом тыгъдады, афтæ бæстыхæйтты мидæгæй æмæ фæнысангонд регуляциты сæххæст, карз контролгонд цæудзæн. Хæрæндæтты куыст арæнгонд у 00:00-05:00 сахаты онг периоды, цæй сæххæст дæр, паддзахад ноджы фæкарздæр кæндзæн», – райхъусын кодта Гиорги Гъибрадзе.
Гуырдзыстоны гом тыгъдадты маскæ дарыны æнæмæнгхъæуындзинад аивдтой 22 июны, фæлæ æхгæд тыгъдадты регуляци йæ тыхы ныууагъдтой.