Маскæ дарын абонæй æмæнæгхъæугæ у  гом тыгъдадты дæр, цы ран  фондзæй фылдæр адæймаг æрымбырд вæйы
Маскæ дарын абонæй æмæнæгхъæугæ у гом тыгъдадты дæр, цы ран фондзæй фылдæр адæймаг æрымбырд вæйы

Абонæй маскæ дарын æнæмæнгхъæугæ у гом тыгъдады  дæр, уыцы рæтты  цы ран  фондзæй фылдæр адæймаг æмбырд кæны.  Æмбæлгæ  уынаффæ, æхсæнуагдонон  координацион совет  зноны рабадтыл рахаста.

Æхсæнуагдонон  координацион советимæ  уæвæг  оперативон штабы  хистæр, Гиорги Гъибрадзейы  фидиуæнæй,  зæгъгæ  уынаффæ хаст уыд,  фæстаг периоды эпидемиологион уавæры фæфыддæры тыххæй.

«Зондзыстут æй, маскæ дарын  æнæмæнгхъæугæ  у æхгæд тыгъдады  æмæ   гом тыгъдады   адæм арæх рæтты,  транспорты æрлæууæнты, базарты, æхсæнадон транспорты.  Советы  уынаффæйæ,  10 августæй,  маскæ дарын  æнæмæнгхъæугæ бауыдзæн   гом тыгъдады дæр  алкуыран, цы рæтты  фондзæй фылдæр адæймаг æрымбырд вæййы.

Бакой уын кæндзынæн, æхсæвы  клубты  куыст куыд  гом тыгъдады, афтæ  бæстыхæйтты мидæгæй  æмæ   фæнысангонд регуляциты  сæххæст,  карз  контролгонд цæудзæн. Хæрæндæтты  куыст  арæнгонд у  00:00-05:00 сахаты онг периоды, цæй  сæххæст дæр, паддзахад   ноджы  фæкарздæр кæндзæн», – райхъусын кодта Гиорги Гъибрадзе.

Гуырдзыстоны гом тыгъдадты  маскæ дарыны æнæмæнгхъæуындзинад аивдтой 22 июны, фæлæ  æхгæд тыгъдадты  регуляци  йæ тыхы  ныууагъдтой.