Маскæ дарын æнæмæнгхъæугæ суыдзæн гом тыгъдады дæр
Маскæ дарын æнæмæнгхъæугæ суыдзæн гом тыгъдады дæр

Гом тыгъдады маскæ дарын та æнæмæнгхъæугæ ссис.

Уый фæдыл  уынаффæ  координацион совет абоны рабадтыл  рахаста.

Æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзейы дзырдæй, абонæй фæстæмæ,   мидæмæ æмæ æддæ тыгъдадты  æнæмæнгхъæугæ уыдзæн маскæ  дарын.

«Советы уынаффæйæ,  ист æрцыд ног регуляци, кæцы æххæссы маскæ æнæмæнгхъæугæ дарынмæ.  Абонæй   мид æмæ æддæ  тыгъдадты  æнæнæмнгхъæугæ уыдзæн   маскæ дарын. Мæйты дæргъы  дзырдтам, цæмæй  куыд эффективон  у  маскæ адæймагы  инфекцийæ  бахъахъхъæнынæн. Абоны  эпидемиологион уавæры тыххæй,    æнæмæнгхъæугæйыл  банымадтам, цæмæй  уый  уыдзæн иуæй-иу  сеппæтæй   нысаниуæгджын æмæ эффективон  фæрæз, цæмæй  бахъом уæм   æмæ  бафæразæм инфицирады 4-æм уылæн басæттын», –  фехуъсын кодта Тъикъарадзе.

Иу къуырийы размæ  совет рахаста уынаффæ, кæцымæ гæсгæ дæр маскæ дарын æнæмæнгхъæугæ  ссис  гом тыгъдады дæр, цы ран фондзæй фылдæр адæймаг æмбырд кæны.