Бæстæйы, бæрзонд эмисси цы автомобилтæн ис регистрацийы тобæйы регуляцитæм гæсгæйæ, хъæууон хæдзарады министрад публикаци кæны фидиуæн
Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады фидиуæн публикаци кæны регуляцимæ гæсгæ, кæцы бæстæмæ 2013 азы онг уагъд автомобилты импорты тобæ дары йæ хъуыдыйы.
Министрады фидиуæнæй, регуляци рог автомобилтæн 2024 азы фыццаг январæй скуыста, æрмæст автобусты æмæ уæзласæнтæн та 2025 азæй.
«Æрдзы хъахъхъæды политикæйы иуæй-иу приоритетон æрдæмад уæлдæфы счъиззийы минимумы онг фæкъаддæр кæнын у. Фæнысангонды тыххæй, æрдзы хъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрад, Гуырдзыстоны парламентимæ иумæ, æнæиу регуляци райста, кæцыты сыххæст-æрфидары процесс активонæй цæуы.
Иуæй-иу сегасдæр нысаниуæгджын регуляци, кæцы транспортон секторæй уæлдæфы счъиззийы этапгай фæкъаддæры нысанæн уыд ист, 2024 азы фыццаг январæй бæстæмæ 2013 азы онг уагъд автомобилты импорты тобæ дары йæ хуъыдыйы. Гуырдзыстоны регистрацийы нал ауадздзысты автомобилы кæцыйы жмиссийы стандарт нæ уыдзæн евро-5-ы норма», – дзырдæуы фидиуæны.
Фидиуæнмæ гæсгæйæ, министрадæн иудадзыг контакт уыд автомобилты импортер компанитимæ, кæцытæ хъуыддаджы тыххæй зыдтой, цæмæй регуляцтæ 2024 аы 1 январæй скусдзысты.
Афтæма сæ информацийæ, нæкæсгæ уымæн 2023 азы кæрон, æрдзы хъахъхъæы æмæ хъæууон хæдзарады министрады уагъд фембæлдыл, атвомобилты Гуырдзыстонмæ импорты æххæстгæнæг компагиты куырдиаты бындурыл, Гуырдзыстоны хицауад снысан кодта уæлбар æмæ регуляци нал баххæсдзæн уыцы автомобильтæм, кæцыты транспортаци экспортон бæстæтæй райдыдта 2023 азы фыццаг декабры онг.