Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрад публикаци кæны информаци Отар Шамугиайы æмæ Оливер Вархейы  фембæлды фæдыл
Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрад публикаци кæны информаци Отар Шамугиайы æмæ Оливер Вархейы фембæлды фæдыл

Гуырдзыстоны æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр Отар Шамугиа, Брюсселмæ кусæн визиты фæлгæтты,  сыхагон æмæ ауæрæхы фарстаты  Еврокомиссар Оливер Вархейимæ  фембæлдис.

Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады информацийæ,  фембæлдыл банысан ис, цæмæй   кандидаты статус райсты фæстæ,   Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы æхсæн  партнерад  хизы  ног этапмæ, кæцы йæ  хъуыдыйы дары  фылдæр амбицион плантæ æмæ нысаниуæгджын хæсдзинæдтæ сыххæст, кæцымæ  Гуырдзыстон æххæст цæттæдзинад æвдисы.

«Ассоциацидзинады бадзырдмæ æмбæлгæйæ, Гуырдзыстон, 2015 азæй, æнтыстджынæй хæстæг кæны  нациаонлон закъондæттады Евроцæдисы  барадон  акттимæ.  Абоны  уавæрæй,   Евроцæдисы 200 барадон  актæй, Гуырдзыстоны заъондæттынад  нырид баввахс ис 133 барадон актимæ», –  дзырдæуы æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады публикацигонд информацийы.

Уагдоны афтæдæр банысан кодтой, цæмæй Гуырдзыстонæн уыдис рахатинаг  прогресс ивгъуыд азы  публикацигонд Еврокомиссийы  хатдзæджы æвдыст приориетон  сферæты æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр, ацы прогресс  æмбæлгæ аргълæвæрд райста Евроцæдисы æрдгæй.