Тбилисы марындзинад æрцыд Шатилы уынгыл.
Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, абон сæумæрайсом боныцъæхыл Тбилисы, Темкайы сыхы æвзонг сылгоймаджы мард ссардтой. Мард сылгоймагæн фæбæрæг сты цыргъагæй бирæон цæф.
«Фæмардуæвæг у индетифициргонд æмæ уый у 1997 азы гуырд А.Н. МХМ Тбилисы полицийы департамент æххæст кæны интенсивон оперативон-фæдæвзарæн мадзæлттæ. Цауы бынатыл кусынц эксперт-криминалисттæ. Цæуы фæмардувæгы бинонты рафарст» – хъусын кæнынц МХМ-ы.
Уагдоны информацийæ, хъуыддаг рæгъмæ хаст у, барæй марындзинады фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 108-æм статийæ.