Францы сахар Марселы гæрзифтонг нæлгоймагы æрцахстой.
Цъус рæстæджы размæ ахæлиу ис информаци, цæмæй сахары уынгты нæлгоймаг æхст байдыдта, цæй фæстæ дæр бамбæхстис иуæй-иу цæрæн хæдзары.
Йæ æрцахсынæн уагъд æрцыд спецопераци.
Ацы рæстæгмæ амæттагы æмæ зианбаййафджыты фæдыл информаци нæ айхъуыст. Барадхъахъхæнджытæ хъуыды кæнынц, цæмæй хъуыддаг баст у хæдзары бинонты æхсæн конфликтимæ, фæлæ официалон комментарий нырма нæ сарызтой.