Марк Рутте – Мæ приоритет, куыд НАТО-йы ног генералон нымæрдар, у Украинæйæн æххуыс кæнын æмæ уæлахиз сифтонг кæнын
Куыд НАТО-йы ног генералон нымæрдар, афтæ мæ приоритет æмæ привилеги у Украинæйы уæлахизы фарсылхæцындзинад æмæ ифтонг кæнын, – уый фæдыл НАТО-йы ног генералон нымæрдар Марк Рутте Украинæйы президент Владимир Зеленскийимæ иумæйаг пресс-конференцийыл, Киевмæ йæ визиты рæстæджы расидтис .
Альянсы генералон нымæрдар афтæдæр фæныхас кодта Украинæйæн æфсæддон æххуысы æнæмæнгхъæуындзинадыл.
«Мах зонæм, цæмæй Украинæйæн ис тагъд хъуагдзинæдтæ æмæ кусæм, цæмæй фылдæр æмæ тагъддæр саразæм». Фæстаг цалдæр къуырийы дæргъы, цалдæр æмцæдисон расидтысты Украинæйæн æфтауц æфсæддон æххуыс, се æхсæн Данийæ, Латвийæ, Стыр Британийæ ног æххуыс æмæ АИШ-æй 8 миллиард доллары онг æххуыс. Украинæйæн æххуыс кæнын æмæ нæхи фæрæзты баххæст кæнын нысан кæны хъахъхъæнынады продукцийы фæфылдæр æмæ уый уыдзæн мæ приоритет» – райхъусын кодта Рутте.
Украинайы НАТО-мæ интеграцимæ та цы хауы, Руттейы ныхасмæ гæсгæ, Украинæ НАТО-мæ æввахсдæр у æмæ ацы фæндаг адарддæр уыдзæн, цалынмæ Украинæ альянсмæ нæ баиу уыдзæн.
«Украинæ бонæй-бон тыхджындæр у. Уый у хуыздæр цæттæ нæ цæдисмæ бацæуынмæ. Æмæ уый бындуронæй у хид аразын Украинæйы НАТО-йы уæнгдзинадмæ. Мæнмæ гæсгæ, æрцæудзæн ахæм бон, кæд æмæ Украинæ НАТО-йы æххæстбарджын уæнг уыдзæн. Бар мын раттут бафтауын, кæд æмæ исчи æндæргъуызон хъуыды кæндзæн – Уæрæсейæн нæй бар хъæлæс кæнын кæнæ вето снысангонд фарсты фæдыл», – райхъусын кодта Руте.
Йæхи æрдгæй, Владимир Зеленский банысан кодта, цæмæй украинæгтæ НАТО-йы уæнг суæвыны аккаг сты.
«Украинæйæн гæнæн ис суа НАТО-йы 33-æм уæнг æмæ нæ хъуыдымæ гæсгæ украинæгтæ уый аккаг сты. Абон деталонæй фæныхас кодтам нæ æмкуыстдзинады перспективæтыл, сæйраг приоритеттыл, кæцытæн сæ бон у Украинæйы фæтыхджындæр кæнын æмæ нæ æмкуыстдзинад фæарфдæр кæнын. Афтæ дæр, абон фæныхас кодтам уæлахизы планы элементтыл», – расидтис Зеленский.