Курæг дæн Михеил Саакашвили æмæ алы политикон партитæй æмæ гуырдзиаг политиктæй, цæмæй поляризаци ма фæкарз кæной, ма ныттынг кæной политикон уавæр, стыр хъусдардæй æркæсæт алы къахдзæф – телекомпани «Имедийы» хъусинагæй, уый фæдыл европарламентари Марина Кальюранд Михеил Саакашвилиимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фембæлды сæйраг темæ 2 октябрмæ плангонд æвзæрстытæ уыд.
«Саакашвилийы Гуырдзыстонмæ балцы тыххæй мæ бон зæгъын у, цæмæй ацы фарста æркастыстæм. Саакашвилийы зонынц Гуырдзыстоны, кæмæндæртæн сæ зæрдæм дæр цæуы, чи та йæм фыдзæрдæ хæссы, фæлæ уый у номдзыд фигурæ æмæ политикон процесстæм бандавын йæ бон у æддæйæ дæр. Уынаффæ йæхæдæг хъуамæ рахæсса. Нæ сидт у ахæм, цæмæй ма сырæза уæлдай поляризаци кæнæ уæлдай проблемæтæ, уымæн æмæ æнæ уыйдæр вазыгджын период у æмæ æвзæрстытæ хъуамæ ацæуа. Нæ дæн уыцы позицийыл, цæмæй рекомендаци раттын мæ бон уа ацæуын кæнæ ма ацæуыныл. Гуырдзыстоны ныр поляризаци ницæмæн хъæуы. Гуырдзыстоны хъæуы рæстаг æвзæрстытæ, фарсыты æрдгæй та æвзæрстыты фæстиуджытимæ сразы уын» -райхъусын кодта Кальюранд.