Марина Кальюранд Евроцæдис-Гуырдзыстоны парламентон ассоциацидзинады комитеты 10-æм фембæлды фæдыл фидиуæн публикаци кæны
Райгонд стæм Гуырдзыстоны хицауады хæсистæй, ассоциацидзинады бадзырдмæ æмбæлгæйæ, дарддæры гармонизаци скæна Евроцæдисы закондæттынадимæ æндæр æмæ æндæр сферæты – уый фæдыл бынсангонд у Хуссар Кавказимæ ахастыты фарстаты европарламенты делегацийы сæрдар, Марина Кальюранды фидиуæны, кæцыйы Евроцæдис-Гуырдзыстоны парламентон ассоциацидзинады комитеты 10-æм фембæлды фæдыл ахæлиу кодта.
Фидиуæнæй, прогрессмæ нæкæсгæйæ, ситуаци гæнæн ис ноджы фæхуыздæр кæнын цалдæр сферæйы, уыдзæн уый барадхъахъхъæнæг оргæнты бæрнондзинад, тæрхонон хицауады хæдбардзинад æмæ афтæдæр æххуысдæлбар къордты æмæ къаддæрдæрты дискрминацийы ныхмæ тох.
«Стыр зæрдæхъыгæй та сбæрæг кодтам политикон æмæ медиа-ландшафты поляризаци, куыд сæйраг быцæусидт Гуырдзыстоны демократон рæзынадæн, æмæ хаххгондæй банысан кодтам, цæмæй 19 апрелы бадзырд, кæцыйы æхсæны лæгæй уыд Европаг Советы президент Шарль Мишель, дарддæр кæны Европаг фæндагы нхъарын Гуырдзыстоны бирæ фидардæр демократийы æмæ закъоны сæйрагдзинад арæзты æрдæм, гуырдзиаг адæмы интерестæм æмбæлгæйæ. Рафæлхатт кодтам европарламенты цæттæдзинады тыххæй, къухарæзт уа Жан Монейы диалогы, куыд Гуырдзытсоны парламенты политикон партиты æхсæн конструкцион æмгуыстадæн æххуысы фæндагæн» – банысан кодта Кальюранд.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ноджы иу хатт сфиксир кодтой æнæцудгæ фарсхæцын гуырдзыстоны хæдбарады, суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты.