Марина Кальюранд – алчи рагафон хъуамæ сбæлвырд кæнæт, æвзæрстытыл æхсæнадæмон цæстдарджыты аргълæвæрдтимæ кæй сразы уыдзысты уый
Марина Кальюранд – алчи рагафон хъуамæ сбæлвырд кæнæт, æвзæрстытыл æхсæнадæмон цæстдарджыты аргълæвæрдтимæ кæй сразы уыдзысты уый

Эстонийы   раздæры  фæсарæн хъуыддæгты министр, европарламенты  уæнг Марина Кальюранд  дзырдæй,  зæгъгæ  алчи  рагафон хъуамæ  сбæлвырд кæнæт, æхсæнадæмон цæстдарджыты æвзæрстытæн аргълæвæрдтимæ кæй  сразы  уыдзысты,  уый.  Уый  тыххæй  европарламентари   райхъусын кодта «Америкæйы хъæлæсимæ»   интервьюйы рæстæджы.

Марина Кальюранд Гуырдзыстоны уæвæг æвзæрстыты агъоммæ уавæрæн  аргъ ратта:  «зæгъин,  цæмæй парламентон æвзæрстыты фæстæ  уавæр фæфыддæрдæри.   Хъыгагæн, гуырдзиаг оппозици  йеуæд не сразы ис  æвзæрстыты фæстиуджытимæ, æхсæнадæмон  цæстдарджыты  фæстиуджытимæ  æмæ сæрмагондæй та OSCE/ODIHR-ы  аргълæвæрдтимæ.    Уымæй  та ахæм фæстиуæг æрлæууыд, æмæ Гуырдзыстоны  нырид иу афæдз у,  нæй политикон стабилондзинад. Ныр мах стæм  сегасдæр вазыгджын периоды –  лæууыд ковид-пандемийы кризис, экономикон кризис, Европæйæн йæхицæн ис  проблемæтæ. Хъыгагæн,  нæ  уынын  политикон  уавæр сраст кæныны  нысæнттæ  ацы  иу афæдзы  дæргъы.   Шарль Мишелы  документы  оппозицион партиты æмæ  хицауады æрдгæй  къухæвæрды фæстæ, цавæрдæр  оптимизмы æнкъарæн фæзындис.  Фæлæ ам дæр хъыгæгæн, сеппæтæй  ставд оппозицион  парти  бадзырд нæ бафыста.  Уый фæстиуæгæн та поляризаци  æрвылкъуырионæй  арфдæр кодта. Абон та  поляризаци   æрвылбойнонæй  æмæ  хатт са хатгай  арфдæр кæны.  Стыр ныфс   мæ ис, цæмæй  нæ уыдзæн тыхмидзинад  æмæ  цæмæй бæстæ  бафæраздзæн  ауадза, сæрибар, демократон æмæ сабыр  æвзæрстытæ.  Уый æнхъæлц нæм ис», –  банысан кодта  европарламентар.

Уыйимæ иумæ, Кальюранд  комментари сарызта  Гуырдзыстоны хицауады  фидуиæныл, ома  зæгъгæ  сæ информацимæ гæсгæйæ,   оппозици æвзæрстыты фæстæ  провокацитæ план кæны.

«Æвзæрстыты  агъоммæ период  алы  бæстæйы  вæййы  вазыгджын æмæ критикон.  Фæлæ  Гуырдзыстон ацы периоды, хъыгагæн, тынг поляризацигонд у. Политикон   тыхтæ  кæрæдзи зылынджын кæнынц. Хъусын «Гуырдзиаг Бæллиццмæ»  æмæ уыдон аххосджын кæнынц оппозици,  хъусын  «Националон Змæлдмæ» æмæ уыдон та  «Гуырдзиаг Бæллицц» зылынджын кæнынц. Алчи сæ  кæрæдзи аххосджын кæнынц. Æз куыд Гуырдзыстоны хæлар  эстойнаг  æмæ Европæйы  парламенты уæнг, дзурын, цæмæй тынгад хъуамæ фæкъаддæр уа.  Алкæмæн сæйраг нысан хъуамæ уа  демократон æвзæрстытæ  ауадзын.

Курæг уæ дæн, афон у  сфиксир кæнат  уæ  иузæрдыгдзинад æвзæрстыты фæстиуджытæ банымадмæ  уыцы  цауы, кæд æмæ æхсæнадæмон  цæстдарджытæ  фæстиуджытæ  нымадмæ райсдзысты.  Уый уыдзæн  стыр къахдзæф, кæцы  ахыздзæнис партион хъæзтытæй æмæ интерестæй  бæрзонддæр.  Политиктæ  хъуамæ  рацæуæд æмæ зæгъæт, цæмæй  о, кæд ODIHR-ы цæстдарджытæ   банымайдзысты  æвзæрстыты фæстиуджытæ, цыфæнды фæстиуæг  уæд  кæцыфæнды партийæн, уыдон ацы  фæстиуджытимæ сразы уыдзысты.  Ай уыдзæн   политикон  стабилондзинады гаранти.  Стабилондзинад  æнæмæнгхъæугæ у Гуырдзыстонæн. Ай та  уый нысан кæны, цæмæй политиктæ, бæстæйы  интерестæ хъуамæ  слæууын кæнæт  партион интерестæй  бæрзонддæр, абоны бæсты,  сомбоныл хъуамæ хъуыды кæнæт,  паддзахадмæ куыд æмбæлы  афтæ архайæт  æмæ æвзæрстыты фæстиуджыты   банымады дзырд раттæт æвзæрстыты агъоммæ», –  райхъусын кодта Марина Кальюранд.

Уыимæ иумæ, евродепутаты дзырдæй, зæгъгæ Шарль Мишелы  бадзырд  нæ фæтар ис æмæ æнхъæл сты, цæмæй  уым фыст домæнтæ  сыххæст уыдзысты.