Марина Кальюранд – алчи рагафон хъуамæ сбæлвырд кæнæт, æвзæрстытыл æхсæнадæмон цæстдарджыты аргълæвæрдтимæ кæй сразы уыдзысты уый
Эстонийы раздæры фæсарæн хъуыддæгты министр, европарламенты уæнг Марина Кальюранд дзырдæй, зæгъгæ алчи рагафон хъуамæ сбæлвырд кæнæт, æхсæнадæмон цæстдарджыты æвзæрстытæн аргълæвæрдтимæ кæй сразы уыдзысты, уый. Уый тыххæй европарламентари райхъусын кодта «Америкæйы хъæлæсимæ» интервьюйы рæстæджы.
Марина Кальюранд Гуырдзыстоны уæвæг æвзæрстыты агъоммæ уавæрæн аргъ ратта: «зæгъин, цæмæй парламентон æвзæрстыты фæстæ уавæр фæфыддæрдæри. Хъыгагæн, гуырдзиаг оппозици йеуæд не сразы ис æвзæрстыты фæстиуджытимæ, æхсæнадæмон цæстдарджыты фæстиуджытимæ æмæ сæрмагондæй та OSCE/ODIHR-ы аргълæвæрдтимæ. Уымæй та ахæм фæстиуæг æрлæууыд, æмæ Гуырдзыстоны нырид иу афæдз у, нæй политикон стабилондзинад. Ныр мах стæм сегасдæр вазыгджын периоды – лæууыд ковид-пандемийы кризис, экономикон кризис, Европæйæн йæхицæн ис проблемæтæ. Хъыгагæн, нæ уынын политикон уавæр сраст кæныны нысæнттæ ацы иу афæдзы дæргъы. Шарль Мишелы документы оппозицион партиты æмæ хицауады æрдгæй къухæвæрды фæстæ, цавæрдæр оптимизмы æнкъарæн фæзындис. Фæлæ ам дæр хъыгæгæн, сеппæтæй ставд оппозицион парти бадзырд нæ бафыста. Уый фæстиуæгæн та поляризаци æрвылкъуырионæй арфдæр кодта. Абон та поляризаци æрвылбойнонæй æмæ хатт са хатгай арфдæр кæны. Стыр ныфс мæ ис, цæмæй нæ уыдзæн тыхмидзинад æмæ цæмæй бæстæ бафæраздзæн ауадза, сæрибар, демократон æмæ сабыр æвзæрстытæ. Уый æнхъæлц нæм ис», – банысан кодта европарламентар.
Уыйимæ иумæ, Кальюранд комментари сарызта Гуырдзыстоны хицауады фидуиæныл, ома зæгъгæ сæ информацимæ гæсгæйæ, оппозици æвзæрстыты фæстæ провокацитæ план кæны.
«Æвзæрстыты агъоммæ период алы бæстæйы вæййы вазыгджын æмæ критикон. Фæлæ Гуырдзыстон ацы периоды, хъыгагæн, тынг поляризацигонд у. Политикон тыхтæ кæрæдзи зылынджын кæнынц. Хъусын «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» æмæ уыдон аххосджын кæнынц оппозици, хъусын «Националон Змæлдмæ» æмæ уыдон та «Гуырдзиаг Бæллицц» зылынджын кæнынц. Алчи сæ кæрæдзи аххосджын кæнынц. Æз куыд Гуырдзыстоны хæлар эстойнаг æмæ Европæйы парламенты уæнг, дзурын, цæмæй тынгад хъуамæ фæкъаддæр уа. Алкæмæн сæйраг нысан хъуамæ уа демократон æвзæрстытæ ауадзын.
Курæг уæ дæн, афон у сфиксир кæнат уæ иузæрдыгдзинад æвзæрстыты фæстиуджытæ банымадмæ уыцы цауы, кæд æмæ æхсæнадæмон цæстдарджытæ фæстиуджытæ нымадмæ райсдзысты. Уый уыдзæн стыр къахдзæф, кæцы ахыздзæнис партион хъæзтытæй æмæ интерестæй бæрзонддæр. Политиктæ хъуамæ рацæуæд æмæ зæгъæт, цæмæй о, кæд ODIHR-ы цæстдарджытæ банымайдзысты æвзæрстыты фæстиуджытæ, цыфæнды фæстиуæг уæд кæцыфæнды партийæн, уыдон ацы фæстиуджытимæ сразы уыдзысты. Ай уыдзæн политикон стабилондзинады гаранти. Стабилондзинад æнæмæнгхъæугæ у Гуырдзыстонæн. Ай та уый нысан кæны, цæмæй политиктæ, бæстæйы интерестæ хъуамæ слæууын кæнæт партион интерестæй бæрзонддæр, абоны бæсты, сомбоныл хъуамæ хъуыды кæнæт, паддзахадмæ куыд æмбæлы афтæ архайæт æмæ æвзæрстыты фæстиуджыты банымады дзырд раттæт æвзæрстыты агъоммæ», – райхъусын кодта Марина Кальюранд.
Уыимæ иумæ, евродепутаты дзырдæй, зæгъгæ Шарль Мишелы бадзырд нæ фæтар ис æмæ æнхъæл сты, цæмæй уым фыст домæнтæ сыххæст уыдзысты.