Мариам Бигвавайы рацыд Сабион Евроуынынадыл [видео]

Сабион  Евроуынынад 2022-ы  конкурсыл  Гуырдзыстоны  минæвар  Мариам Бигвава  æстæм номырæй   рацыд.

Проект «Ранина»-ы  уæлахиздзау, Мариам Бигвава  Гуырдзыстоны номæй  Сабион Евроуынынадыл сæххæст кодта  Гига Къухианидзейы   зарæг  I Believe/Уырны мæ.

Ереваны радæй  20-æм Сабион Евроуынынады 16 бæстæйы минæвæрттæ исынц  хайад.   Сабион Евроуынынады конкурсыл  онлайн   хъæлæскæнынад  9 декабры  23:00 сахатæй ис гæнæн веб-фарсыл  vote.junioreurovision.tv .  Схъæлæс кæнын гæнæн ис  онлайн,  дунейы  кæцыфæнды  ранæй.

Комкоммæ эфиры рæстæджы, схъæлæс кæнын гæнæн си  æрмæст 15 минутæй,  алы конкурсон зарæг куы сыххæст уыдзæн  уый фæстæ.  Гуырдзыстоны минæваримæ  иумæ, уæ бон у схъæлæс кæнын   ноджы дыууæ конкурсантæн. Уæ хъæлæс  бæрæг кæны  кæронбæттæн фæстиуæгы  æрдæг, иннæ æрдгæг та  рабæрæг вæййы  жюийы фæрцы.  Фæуæлахиз уыдзæн  уыы зарæг, кæцы  сеппæтæй  бæрзонддæр баллтæ æрымбырд кæндзæн.

Традиционæй  Сабион Евроуынынады комкоммæ трансляци æвдисы  Æхсæнадон Уацхæссæг.