Мамука Бахтадзе – Стыр нысаниуæг дæттæм порт Констанцаимæ æмахастæн, уæлдайдæр уыцы фоныл, Гуырдзыстоны æрфдойнаг порт куы аразæм уæд
Политикъон диалог Гуырдзыстон æмæ Румынийы æхсæн абон бæрзонд æмвæзадыл лæууы, махæн нысаниуæгджын у, экономикон æмгуыставд, ноджы фылдæр фæарфдæр кæнæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер министр, Мамука Бахтадзе, Румынийы премьер-министр Василика-Вайорика Денчилэимæ фембæлды фæстæ иумæйаг пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон зæгъгæ цæттæ у, уа йын амбицион боны фæтк дыууæфарсон экономикон ахастыты рапарахат кæнынæн, СауДенджызы регионы уæвæг ныры онг æнæцайдагъ потенциал кæронмæ æрхион кæнынæн.
«Ацы контексты иттæг нысаниуæгджын у фембæлд, кæцы Бухаресты 2019 азы 4 марты сырæзт æмæ кæцыйыл Гуырдзыстоны, Румыниый, Азербайджан ææ Туркменистаны фæсарæн хъуыддæгты министр, иумæйаг политикъон деклараци æрцæттæ кодтой иумæйаг транспортон кæлидоры райтынг кæныны фæдыл. Мæнæн уый сæрмагондæй нысаниуæгджын у, уымæн æмæ нырма ноджы «Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы» куысты периоды уыдтæн ацы ног кæлидоры саразыны иуæй-иу инициатор æмæ мын тынг цин у, цæмæй ацы егъау идеяйы реализацидзинад цæуы этапгай» – райхуъсын кодта премьер-министр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстоны портты æмæ порт Констанцайы æхсæн æмахастæн сæрмагонд нысаниуæг ис.
«Сæрмагонд нысаниуæг дæттæм Гуырдзыстоны портты æмæ порт Констанцайы æхсæн ахастытæн, уæлдайдæр уыцы фоныл, цæмæй Гуырдзыстоны арызт цæуы æрфдойнавг порт, кæцы экономикон æмкуысткæнынадæн бынтон ног фадæттæ дæтдзæн. Афтæма, ис нын инновацион проекттæ энергетикæйы, кæцытæ балæккад кæндзысты евроцæдис æмæ Европаг бинонты энергоæдасдзинады ноджы фылдæр фæфидардæр кæнынæн æмæ Гуырдзыстон ролы фæтыхджындæр кæнынæн ацы æрдæм» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе Румынаг коллегæимæ иумæйаг фидиуæнты рæстæджы.
ПРемьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны фæнды, Румынииимæ дыууæфарсон ахастытæн уа стратегион гъæд.
«Алцыппæт уый тыххæй, цæй зæгъын æй хъæуы, нæ фæндон у, цæмæй нæ дыууæфарсон ахастытæн лæвæрд æрцæуа стратегион гъæд, уый у нæ позици, кæцыйы æргомæй фиксир кæнæм. Растдæр иумæйаг тыхархайдæй æмæ ахастыты стратегион барæнмæ ахæссыны руаджы бахъом уыдзыстæм уыцы иттæг нысаниуæгджын фарстайы райтынг кæнын, кæцыйыл абон фæныхас кодтам æмæ кæцытæ куыд Румынийæн, афтæ Гуырдзыстонæн æцæгдæр стратегион сты» – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.
Гуырдзыстоны премьер-министр румынаг коллегæйæн фысымдзинады тыххæй бузныг загъта.
«Уырнæг дæн, нæ фембæлд æмæ мæ визит нын ратдзысты фадат, нæ ахастыты кæцыфæнды барæн, ног æмвæзадмæ ысхæцæм»- райхуъсын кодта Мамука Бахтадзе.