Мамука Бахтадзе – Спайда кæндзыстæм алы гуырæнæй, кæцæй дæр Тъхъибулы шахтæйы кусæг адæм мызд райсдзысты
Экономикæйы министр кусы компаниимæ æмæ уыцы адæймæгтæ, чидæриддæр Тъхъибулы шахтæйы куыстой, райсдзысты мызды хуызæй компенсаци – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе райхъусын кодта.
Фарстайыл суммæ паддзкахадон бюджетæй рауæлдай кæндзысты æви нæ Бахтадзе дзуапп ратта цæмæй, суммæ цыфæнды гуырæнæй рауæлдай уыдзæн.
«Сæйраг у уый æмæ æнæмæнгæй райсдзысты мызды æфтиаг, цы сæм æмбæлдис уый. Цыфыæнды амæлттæ цыфæнды гуырæнæй, мах хъуамæ спайда кæнæм уый тыххæй» – загъта Мамука Бахтадзе.
Премьер-министр абон райхъусын кодта, цæмæй ист æрцыд уынаффæ, Минделлийы номыл шахтæйы æрыхгæныны фæдыл. Сæ информацийæ, шахтæ куыст не с ног кæндзæн цалынмæ фæдагуырд цæудзæн .
Гуырдзыстоны премьер-министры барамындæй, Тъхъибулийы шахтæйы æрцæугæ трагедимæ гæсгæ, 16 июлбь фыдохы бонæй расидтæуыд.
Минделлийы шахтæйы абон сæумæрайсом трагеди æрцыд. Цауы амæттаг фесты 4 адæймаг. Ноджы æхсæз та зиæнттæ райстой. МХМ-ы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, фæдæвзарæны фыццагон информацийæ, Минделлийы шахтæйы иуæй-иу тунеы æнхъæлцау метаны стынды фæстиуæгæн къулты деформацийы тыххæй æркалдис цар. Фактыл фæдæвзарæн райдыдта Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 240-æм статийы дыккаг хайæ.
Тъхъибулы шахтæйы бардарæг у компани «Сакнахшири». Шахтæйы трагеди цæугæ азы 5 апрелы дæр æрцыд. Уæд цауы фæстиæгæн 6 адæймаг фæмард.